Хицауад «Ковид-19»-ы вакцинæйы æрфидары фæдыл националон план сфидар кодта
Хицауад «Ковид-19»-ы вакцинæйы æрфидары фæдыл националон план сфидар кодта

Гуырдзыстоны  хицауад  «Ковид-19»-ы вакцин æйы  æрфидары фæдыл  националон  план сфидар кодта.  Уый фæдыл  брифингыл фехъусын кодта æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе.

«Абон мах   рахастам нысаниуæгджын  уынаффæ,  æнæнизхъахъъæды министрадæй  хицауадмæ бавдыстæуыд  «Ковид-19»-ы вакцинацийы  националон план æмæ уый  сфидар ис.

Тамар Габуниа  деталон презентаци сараздзæн, цæмæй  цавæр нысаниуæгджын   пункттæ ис  планы. Уымæ гæсгæ дæр æхсæнадæн  бæрæг суыдзæн, цæмæй  цавæр у нæ цæстæнгас  æмæ куыд цæудзæн вакцинæйы балхæд, афтæма, кæцы типы вакцинæ  уыдзæн æвзæрст  æмæ йæ æрласдзыстæм  Гуырдзыстонмæ.  Стæй  нæ  уазал рæхысты  фæрцы куыд  цæудзæн æндæр æмæ æндæр  вакцинæйы  логистикæ, афтæма  цæрджыты онг  æй куы фæхæццæ кæндзыстæм» – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.

Вакцинæйы  æрфидары  националон планы фæдыл  Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады абоны рабадты рæстæджы райхъусын кодта, цæмæй  планмæ гæсгæйæ,   зæгъгæ 2021  азы кроæнмæ  Гуырдзыстоны вакцианци хъуамæ ацæуа  æмбæстæгты  60% уæддæр.  Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæйæ, зæгъгæ  бæстæйы  вакциниргонд æрцæудзысты  уыцы нысанон къордтæ, кæцытæ сты сегасдæр  бæрзонд рискъы раз.