Хенрик Холлолей- Гуырдзыстон æмæ евроцæдис сты иттæгнысаниуæгджын партнертæ транспорты секторы
Хенрик Холлолей- Гуырдзыстон æмæ евроцæдис сты иттæгнысаниуæгджын партнертæ транспорты  секторы

Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы  арфæйы панелыл  «Бæрзонд æмвæзады  диалог  рон æмæ фæндаджы бастдзинадæн»  дзырдæй ралæуыд  Еврокамисы  транспорты æмæ мобилондзинады  генералон  директор  Хенрик Холлолей.

Евроцæдисы  минæвары фидиуæнæй,  Гуырдзыстон æмæ евроцæдис сты  иттæг нысаниуæгджын  партнертæ  транспорты къабазы.  «Гуырдзыстон ахсы æцæгæйдæр  уникалон позици æмæ тынг  стратегион бынат , уымæн æмæ  ахæм бæстæ у,  кæцы  æххæст кæны æрдзон  кулдауры  роль регионы æмæ   иу кæны  транспортон  æлхынцъытæ  Европæ æмæ Азийы æхсæн» –  банысан кодта Холлолей.

ЙÆ ралæуды  Холлолей  йæ хъусдард афтæдæр раздæхта   уыцы позитивон боны фæткъы æрдæм, кæцы  Гуырдзыстонæн ис   Еврцæдисимæ  архайæг  ассоциацидзинады  бадзырдæй  бæрæг  бæгъдуаны сæххæсты æрдгæй. Холлолей æвæрццаг аргъ скодта  Гуырдзыстонгы сæххæст реформæтæн   закъоны уæлдæрдзинады  æмæ  бизнесæрдзы  райтынгы æрдæм.  Йæ ныхæстæм гæсгæ, законы уæлдæрдзинад æмæ бизнесы аразыны  фарстытæ  æнтыстджæн  тынг кæнынц Гуырдзыстоны.

«Русдзыддзинад, сæйраг базарадон  фæткъæфæрды  хъахъхъæд, сегасæй хуыздæр   базайраг æмæ  лæккад,  эффектджын фæткъдаруат, æрдзы хъахъхъæдад æмæ социалон  æнæцудгæдзинад –  Холлолейы фидиуæнæй,   адон сты  уыцы æнæмæгхъæугæ  домæнтæ,    кæцыты сæххæстмæ æнхъæлмæ кæсы евроцæдис   Зæлдаг Фæндаджы  инициативæйы бæстæтæй.  Афтæма, евроцæдисы  минæвар  сæрмагонд хъусдард сцырын кодта  æдадсзинады  хъахъхъæды нысаниуæгыл  транспортон  секторы.  «Æдасдзинад  фыццаг позицийыл лæууы, æмæ евроцæдис  ал амæлттæй  архайы,  цыфæнды транспортон моделæн йæ фарс  бафидар кæна,  кæд æмæ уый  æдасдзинады нормæтæм æмбæлон уыдзæн уæд». Холлолей  сæрмагондæй рахицæн кодта  евроцæдис ыполитикæ  бæлццонон авиацийы  æмæ сурзæххон  транспорты  æдадсзинады  стандартты хъахъхъæды æрдæм æмæ расидтис, цæмæй  барьерты сыхалыны, гом конкуренцийы æмæ транспортон   инфраструктурæйы  рапарахаты  параллелонæй  бынативды  æнæфæсайгæдзинад  сты нысаниуæгджын фактортæ туризмы  рапарахатæн.