Хельсинкийы къамисы сæрдар 26-æм октябры æвзæрстыты фæдыл расидæн парахат кæны
Хельсинкийы къамисы сæрдар 26-æм октябры æвзæрстыты фæдыл расидæн парахат кæны

Хельсинкийы комисы сæрдар конгрессмен Джо Уилсон Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты фальсификаци æмæ Уæрæсейы æрбабырсты фæдыл расидæн парахат кæны.

Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, гуырдзиаг адæм ахæм хицауады аккаг сты, кæцы хъусы æмæ кад кæны сæ хъæлæсæн.

«Мæн тыхсын кæны Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстыты системон хæлдтыты æууæнкджын аххосæгтæ. Мæн тыхсын кæны Уæрæсейы æвзæрстыты æндæвдады тыххæй хорз документгонд тыхархайдтытæ дæр. Уымæ гæсгæ сидын АИШ-ы паддзахадон департаментмæ, цæмæй лæмбынæгæй сбæрæг кæной фальсификацийы аххосæгтæ æмæ кæд æмæ рабæрæг уа, уæд уый фæдыл бæлвырд расидæн скæной. Нæ «МЕГОБАРИ»-йы акт йæ нысан у, Гуырдзыстоны демократи чи халы æмæ гуырдзиаг адæмы сæрибардзинад æмæ фæбæрзонддæргонд суверенитеты тырнындзинады фарсылхæцæг адæймæгты æфхæрын. Гуырдзиаг адæм аккаг сты ахæм хицауадæн, кæцы сæ хъæлæсмæ хъусы æмæ кад кæны». – ис фыст Уилсоны расидæны.