Хъазыбеджы фæндаг ныссыгъдгæнæн куыстытæ райдайын  хъызты тыххæй  не нтысы
Хъазыбеджы фæндаг ныссыгъдгæнæн куыстытæ райдайын хъызты тыххæй не нтысы

Хъазыбеджы  муцниципалитеты  мер Александре  Загашвилийы фидиуæнæй,  зæгъгæ хъызты тыххæй  нырма  фæндаг ныссыгъдггæнæн куыстытæ райдайын не нтысы.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   бæлццæтты  транспортацийы нысанæн, Гудаури-Кобийы  иугæнæн   рæтæн фæндæгтæ   кусдзысты.

«Нырма хъызт  лæууы, митуард  нæ лæууы.  Уый тыххæй дæр  не нтысы фæндаг ныссыгъдæг кæнын.   Æнхъæлмæ кæсæм  боныгъæд фæхуыздæрмæ,  цæмæй стæй   специалисттæ фæндаг ныссыгъдæг кæныны  фæдыл уынаффæ  рахæссой.

Зондзыстут æй, знон   ахызтысты æмбæстæгтæ  Коби-Гудаурийы  иугæнæн  рæтæн фæндæгты фæрцы æмæ  ныцууагъдтой  Хъазыбеджы  муниципалитет. Цалынмæ фæндæгтæ нæ байгом уыдзысты, абон дæр,  райсом дæр хуымæтæг режимæй  кусдзæн рæтæн фæндаг, кæд  тымыгъ нæ уыдзæн уæд»,-  райхъусын кодта  Александре Загашвили.

Йæ информацийæ,  уæзласæн  автомобилты  хай  знон рацыдысты  муниципалитетæй, иннæ  хай  та  фæндагыл лæууынц.

«Æркуырдмæ æмбæлгæйæ, цæттæ стæм, аналогионæй, куыд раззаг  бонты  райстам бæрæг мадзæлттæ æххуысы  хуызæй,  афтæ  адарддæр кæндзыстæм æмæ сын баххуыс уыдзыстæм  фæндагыл чи  баззад уыдонæн. Нырма  фæндæгтæм   техника  бауадзын не нтысы, æнхъæлмæ кæсæм   метеорологион уавæрты фæхуыздæрмæ», – фехъусын кодта Александре Загашвили.