Хъазбегы, хæрдмæтæхæгы æрхауды фæстиуæгæн бæлвырд информацийæ æртæ адæймаг амард
6 июны, Степанцъминдайы уæвæг фысымуат «Румс Хотел Хъазбегиы» сæрмагонд хæрдмæтæхæг а. х. «быдырты территорийыл» æдзæрæг ран æрхаудта, – информацийы хъусын кæны Гуырдызстоны мидхъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, цауы фæстиуæгæн хæрдмæтæхæджы бадæг æртæ дæр адæймаг: экипажы уæнгтæ æмæ семæ уæвæг фысымуаты «Румс Хотел Хъазбегиы» иу кусæг фæмард.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад сæрмагонд хæрдмæтæхæджы æрхауды тыххæй фæдагуырд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 275-æм статийы 6-æм хайæ райдыдта.
«Цауы бынатыл мобилизацигонд сты ирвæзынгæнæн куысты æмæ тагъд медицинон æххуысы кусджытæ, полици æмæ эксперт-криминалисттæ райдыдтой фæдæвзарæн мадзæлттæ. Фæдæвзарæг уæлдæфон транспорты змæлды æдасдзинады кæнæ эксплуатацийы æгъдауы хæлды фактыл цæуы, кæцы расайдта дыууæ кæнæ фылдæр адæймагы мæлæт»,- хъусын кæнынц МХМ-ы
Цау цъус рæстæгы размæ æрцыд.