Хъазахы архайæг гуырдзиаг бизнесмен, Михеил Ломтадзе Англисаг футболон клуб балхæдта #1TVSPORT
Гуырдзиаг бизнесмен (кæцы Хъазахы архайы) «Kaspi.kz» -ы акционер Михеил Ломтадзе Англисы профессион футболы клуб «Уикомб Уондерерсы» акциты контролон пакеты хицау ссис – уый фæдыл информаци публикаци кæны клубы официалон веб-фарс.
Гуырдзиаг бизнесмены къухтæм ахизæг футболы клуб бындурæвæрд уыд 1887 азы. «Уикомб Уондерерс» хъазы Лигæ-1-ы Англисы футболы лигæйы æртыккæгæм дивизионы. Цы аргъæй уыд æлхæд клуб уыцы суммæ нæ раргом ис.
2020 азы февралæй «Уикомб» уыд америкаг бизнесмены Роб Кугы, кæцы баззайдзæн президентæй ахизг периоды. Æрмæст Ден Райс, кæцы премьер-лигæйы æндæр æмæ æндæр клубты куыста, æххæстгæнæг диреткоры постыл снысан ис.
Михеил Ломтадзе у Kaspi.kz-ы æртæ сæйраг акционертæй сæ иу. 2024 азы фыццаг апрелы уавæрæй, уый уыдис Хъазахаг «Финтекс Компанийы» акциты 22,6% хицау. 22024 азы райдайæны Ломтадзе «Forbes»-ы миллиардерты номхыгъды 581-æм бынатыл уыд 4,5 миллиард фунты мулкимæ.