Хавьер Коломина -  Гуырдзыстонмæ  ацы  историон саммитыл уыдис  стыр хъусдард, уымæ гæсгæйæ зæгъин, цæмæй  ацы саммит бæстæйæн уыдис æнтыстджын
Хавьер Коломина - Гуырдзыстонмæ ацы историон саммитыл уыдис стыр хъусдард, уымæ гæсгæйæ зæгъин, цæмæй ацы саммит бæстæйæн уыдис æнтыстджын

Адарддæр кæндзыстæм   архайадон пакетыл  кусын, кæцы  сæйраг бæрæггæнæг  фæлгæт у  Гуырдзыстоны æмгуыстадæн,  уæлдæфон хъахъхъæды,  рагысгарынады, кризисы  менеджменты, киберæдасдзинады  æрдгæй, – уый фæдыл   Хуссар  Кавказ æмæ  Централон Азийы  НАТО-йы  генералон нымæрдары  специалон   минæвар  Хавьер Коломина   райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй,  НАТО-йы  Мадриды саммитыл  Гуырдзыстоны уæрæх  делегацийæ  иста  хайад.

«Гуырдзыстон  стыр делегацийæ  истахайад   Мадриды саммиты, премьер-министр, кæцы  Сау Денджызы  регионыл фокусиргонд  фембæлдыл уыд, саммиты  дыккаг сессийыл, уымæн æмæ  уый у  НАТО-æн  стратегион ареал.  Фæныхас кодтам   Гуырдзыстонимæ, сбæлвырд кодтам Гуырдзыстоны  евроатлантикон интеграци  æмæ Бухаресты  2009 азы   хаст уынаффæ.   Æрныхас  кодтам æмæ   рахастам уынаффæ,  хъæуындзинæдтæм  гæсгæ   документы тыххæй,  кæцы  æххæссы   æмгуыстады  цалдæр æрæдæмадмæ.  Адарддæр кæндзыстæм  архайадон пакетыл кусын, кæцы   Гуырдзыстонимæ  нæ æмгуыстад сбæрæг гæнæг  сæйраг фæлгæт у   уæлдæфон хъахъхъæны, рагысгарынады,  кризисы менеджменты, киберæдасдзинады æрдгæй.   Афтæма  бафтыдтам ног æрдæмадтæ,  райрæзын кæндзыстæм  ахуырты  нымæц,  кæцы   гæнæн ис дыууæ азы  иу  хатт цæуа æртæйы  бæсты.  Нысаниуæгджын у  загъдæуа, цæмæй  ахуыртæ  тынг цъус партнертимæ нын ис, кæцыйæ  бæрæг у Гуырдзыстонимæ нæ парнерады бæрзонд æмвæзад.  Гуырдзыстоны  тыххæй,  хахх кæнæм Евроцæдисимæ  æмкуыстдзинады  æнæмæнгхъæуындзинад.  Куы  схатдзæг кæнæм уымæ гасгæ,  цæмæй   цы  дозæйæ  уыд хъусдарад Гуырдзыстонмæ   ацы  историон саммитыл,  уæд зæгъин, цæмæй  уый  бæстæйæн уыдис æнтыстджын», – арйхъусын кодта Хавьер Коломина.