Хатуна Гогоришвили – æвзæрстыты фалсификаци никæмæн бахатыр уыдзæн, æвзæрстытæ æмæ адæмы фæндон нæ уыд уый
Хатуна Гогоришвили – æвзæрстыты фалсификаци никæмæн бахатыр уыдзæн, æвзæрстытæ æмæ адæмы фæндон нæ уыд уый
«Европон Гуырдызстоны» уæнг Хатуна Гогоришвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, æвзарæнон сыхтыл опозицион партиты бæрнонты æркуырдмæ æнæкæсгæ, æвзарнæон къопыты баконд нæ æххæст кæны.
Хатуна Гогоришвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, ЦÆК алæвæрдта уагæвæрд, цæмæй хъæлæсты нымад иу сыхыл дæр мауал æрцæуа ногæй, уымæн æмæ реалон фæстиуджытæ не сты зындгонд.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, ЦÆК аххосджын у æмæ ГБ уагæврдтæ æххæст кæны.
«æвзæрстыты фалсификаци никæмæн бахатыр уыдзæн, æвзæрстытæ æмæ адæмы фæндон нæ уыд уый. ЦÆК алæвæрдта уагæвæрд, цæмæй хъæлæсты нымад иу сыхыл дæр мауал æрцæуа ногæй, уымæн æмæ реалон фæстиуджытæ не сты зындгонд».