Хатиа Деканоидзе хъуын кæны, цæмæй йæ офисмæ æнæбæрæг гоймаг бахъуызыд, кæцы гæнæн ис сусæгæй хъусæн аппаратурæ сфидар кæнын хъавыд
«Националон Змæлды» Исаны мажоритар депутаттæм кандидат, Хатиа Деканоидзейы информацийæ, сæ офисмæ боныцъæхыл æнæбæрæг гоймаг уæлхæдзарæй бахъуызыд, кæцы æнхъæлцау бахъавыд сусæгæй хъусæн аппаратурæ сфидар кæнын.
Деканоидзейы фидиуæнæй, зæгъгæ уый уыд развæлгъау пълангонд архайд, уымæн æмæ офисы раиу ис электроэнерги æмæ уымæ гæсгæ дæр, офисы монтажгонд камерæтæ неал айстой æрцæугæ факт.
Деканоидзе ма загъта, цæмæй гоймаг офисæй тагъд райцыд, уымæн æмæ штабы уæвæг фæсивæд йæ къахдзæфтæ фехъусытой.
«Факт у уый, цæмæй уыд барæй æнæзакъонон лæбурд нæ офисмæ, цæмæй смонтаж кодтаит сусæгæй хъусæн æмæ цæстдарæн аппаратурæ, уымæн æмæ æнцонæмбарæн у, бирæ рудзгуытæ ис ацы штабы æмæ æрмæст мæ рудзынгæй æрбабырыдысты. Ахæм уавæр æрлæууын кодта æвзæрстыты размæ «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ Бидзина Иванишвили – ПÆК-æн бардзырдтæ кæнынц, æмæ сусæгæй нæм хъусынц, сæ цæст нæм дарынц, оппонентты штабмæ лæбурынц, кæцы у тугтæрхонон барадæй бæрæг фыдракæнд. Уый æппæт цæуы централон æмвæзыл, электронерги раиу кæнынц æмæ уый фæстæ æрбабырыдысты мæ офисмæ. Хъусын кæнын МХМ æмæ алы уыцы уагдонæн, фæлæ мæ сæ ныфс нæй, цæмæй фæдагуырд ацæудзæн, ныууадзыут уæ митæ. Мах штабы пълан кæнæм уыцы стратеги, кæцыйы руаджы саст баййафдзæн Бидзина Иванишвили æмæ нæ оппоненттæ. Мах ницы æмбæхсæм, фæлæ сусæгæй цæст дарын æнæзакъоонон у» райхъусын кодта Хатиа Деканоидзе.
МХМ-ы хъусын кæнынц, цæмæй æрцæугæмæ гæсгæ фæдагуырд райдыдта тугтæрхонон барады кодексы 19-177статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары къæрныхдзинады архайд. Уагдоны хъусинагæй, ацы рæстæгмæ, æмбæлон фæдагурæн мадзæлттæ цæуынц.