Хатиа Деканоидзе – Æнæмæнгæй  хъуамæ  фæуæлахиз уæм Исанийы
Хатиа Деканоидзе – Æнæмæнгæй хъуамæ фæуæлахиз уæм Исанийы

Исанийы «Националон Змæлды»  мажоритар депутаттæм  кандидаты Хатиа Деканоидзейы   фидиуæнæй, зæгъгæ растдæр «Иууон националон Змæлд» уыд  уыцы бадзырды  инициатор,  кæцы  Тбилисы   фылдæр  мажоритарон зылдты   баххæстæуыд.  Ацы  бадзырдæй,  оппозици  Тбилисы   мажоритарон зылдты  иумæйаг кандидатты бавдисыныл сразы ис.

Деканоидзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,    хæлдтытыл  партиты æрдгæй   ныхас  уæд райдыдта,  иугонд оппозицийы  формат куы фехæлд уæд.

«Исанийы  тыххæй  куы зæгъæм, уæд, нæ политикон балы, нæ партийы   уынаффæ  æцæгдæр  иунæг  нысанæй  уыд рацæугæ, уый  у Бидзина Иванишвилийы  абырсын, Бидзина Иванишвилийы  кандидаты  басæттын Исанийы,  уымæн æмæ, Гиорги Вашадзе  нæ  иугондæй  куы ахицæн ис,  уæд, иугонд оппозици,  уæд бынтон æндæр реалондзинад  сырæзт Исанийы   мажоритарон   зылды.

Уый тыххæй  абон мæ иунæг нысан, цæй  тыххæй  дæр мæхи ауæлдай кæндзынæн, æмæ кæронмæ тох кæндзынæн  нæ алкæцы æмбæстагы  барты сæрыл,  дзæбæхдзинадæн  æдасдзинадæн, уыдзæн  æрмæстдæр уæлахиздзинад æмæ  Гуырдзиаг Бæллиццы  кандидаты  абырсын», – райхъусын кодта  Хатиа Деканоидзе.

«Националон Змæлд»  Исанийы  æвзарæнон  зылды   мажоритар  депутаттæм кандидатæй  Хатиа Деканоидзейы бавдыста.