Хъахъхъæнынады тыхты минæвæрттæ фæмардуæвæг æфсæддонты мæдтæн раарфæ кодтой Мады бон
Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты æфсæддон службæгæнджытæ сæ фæмардуæвæг æмбæлтты мæдтæн Мады бон раарфæ кодтой.
Хъахъхъæнынады министрады лæвæрд информацийы куыд ис фыст, афтæмæй æфсæддонтæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады сæраппонд тохты æмæ æхсæнадæмон мисситы фæмардуæвæг хъайтарты мæдты бабæрæг кодтой æмæ сын хъахъхъæнынады министры номæй дидингуытæт æмæ арфæйы фыстæджытæ балæвар кодтой.