Хъайтарты фæзыл  Гуырдзыстоны  националон  хъайтары  Гено Адамиайы цырт сывæрдтой
Хъайтарты фæзыл Гуырдзыстоны националон хъайтары Гено Адамиайы цырт сывæрдтой

Хъайтарты фæзыл Гуырдзыстоны националон   геройы   инæлар Гено Адамиайы   бюст сывæрдтой.

Мадзалыл абон сæйраг горæты мэр Каха Каладзе  уыдис.

Каладзе  дидингуытæ  сæвæрдта   Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн тохы  мард хъайтарты мемориалыл  æмæ  сæ нæмттæ  ссардта.

«Нысаниуæгджын у, цæмæй нæ хъæбултæн,  фидæны фæлтæртæн  уа  æххæстаргъджын информаци    хъайтарты  фæдыл. Гено Адамиа уыдис  намысджын лæг, инæлар-майор, кæцы  Сухумы   састы   фæстæ дæр  дарддæр кодта  хæцын  23 бригадæимæ иумæ. Уый хъайтаронæй  амард ацы  хæсты.  Нæ хъæбултæн дзæбæх  хъуамæ райхалæм цы нысан кæны  бæстæйы уарзондзинад. Цавæр адæймæгтæ уыдысты æмæ  куыд  хæцыдысты фыдыбæстæй намысы сæр», – загъта Каха Каладзе.

Гено Адамиа  1993 азы 27 сентябры   Сухумы  састы фæстæ  дæр дарддæр кодта  хæцын æмæ  абхазаг сепаратисттимæ ныхмæлæуыд. Уыый  28  сентябры  хъайтарон амард   Келасуры хидыл.