Хъæу  Намохваны   цæугæдон Рионы агурæн амæлттæм уæлæмхас тыхтæ баиу сты
Хъæу Намохваны цæугæдон Рионы агурæн амæлттæм уæлæмхас тыхтæ баиу сты

Цъхъалтубойы  муниципалитеты  хъæу Намохванийы,   цæугæдон   Рионы   нæлгоймаджы  агурæн-ирвæзынгæнæн  операци дарддæр   кæны. МХМ уæлвæтк уавæрты фæткдар  куысты  информацийæ   мобилизацигонд сты  уæлæмхас тыхтæ.

«Процессы баст сты уæлвæтк уавæрты реагиргæнæг    уагдоны   къордтæ Тбилисæй, 2- ирвæзынгæнæг-зынгвæдисоны скондæй.  Афтæма  Намохванмæ ныццыдысты  уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты   доныл реагиргæнæг    уагдоны ирвæзынгæнджытæ Самегрелойы. Гуриайы æмæ Ачъарайы   регионтæй.   Агурæн-ирвæзынгæнæн  куыстыты   хайад исынц   æхсæз дæлдондзог, кæцытæ  территорийы  мониторинг кæнынц  наутимæ æмæ   алы хæъугæ  ифтонггæрзтæй. Доны быны басгæрст цæуы  агурæн  сканеры,  эхолоты фæрцы. Æвзонг нæлгоймаджы  агурæн  куыстытæ  уæлвæтк уавæрты фæткдар куыст  алы æмбæлон уагдонимæ иумæ,    хъусинаг райсынæй  уайтагъд    райдыдта. Цæугæдон Рионыл  спиециалон амæлттæ  ацы  рæстæгмæ  активонæй  цæуынц» –  банысангонд у  уæлвæтк уавæрты фæткдар  куысты информацийы.

Знон   æхсæвы рæгмæ   Цъхъалтубойы   муниципалитеты  хъæу Намохванийы,   «Намахвани-ГЭСы»   арæзтады ныхмæ  акцийы иуæй-иу хайадисæг   цæугæдоны ныххызтис  æмæ нхъæлцау  æрбамардис.  ЙÆ агуырд  уайтагъд райдыдта.