Цалдæр æнæхицауадон организацийы минæвæрттæ Каспы муниципалитеты хъæу Квемо Чъалайы, солидарондзинады акци ауагъдтой æмæ оккупацион режиммæ ахсты уæвæг Заза Гахеладзейы ссæрибар кæнын æркуырдтой.
«Сæрибардзинад Заза Гахеладзейæн, Уæрæсе оккупант у» – ацы лозунгæй акцийы хайадисджытæ символонæй хъæуы бацæуæны æрымбырд сты.
Акцийы хайадисджыты дзырдæй, зæгъгæ уыдон хицауадмæ сидынц фылдæр ахъазджын къахдзæфтæ саразын, цæмæй Заза Гахеладзе афоныл æмæ æнæзианæй æрыздæха йæ бинонтæм.
«Æрбацыдыстæм символонæй хъæу Квемо Чъаламæ, Заза Гахеладзе кæм цæры уырдæм. Æвдисæн сын солидарондзинад йæ бинонтæм. Фæнды нæ ноджы иу хатт хъæрæй зæгъын, цæмæй Уæрæсе у оккупант æмæ сидт æрвитæм хицауадмæ, афоныл фехъусын кæнæт æмбæлон структурæтæм, цæмæй Заза Гахеладзе æнæзианæй æрыздæха йæ бинонтæм. Уæрæсе у оккупант æмæ растдæр Уæрæсе æххæст кæны ацы æнæзаконон скъæфтытæ æмæ аразы ацы æмбондтæ» – хъусын кæны æнæхицауадон организаци «Ног Фæлтæры» минæвар Давит Донериани.
Бынатыл уыдысты ацы æнæхицауадон организациты минæвæрттæ: «Мониторингы центр –Æхсæнад», «Ног Тых Гуырдзыстонæн», «Америкæйы фарсхæцджыты лигæ», «Фæсивæд европаг фидæнæн», «Ног Фæлтæр».
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. тæрхондон, Заза Гахеладзейæн, 12 аз æмæ æхсæз мæййæ æнæзакъонон ахст стæрхон кодта.