Хæстæгдæр бонты райдайдзæн гепатит В-йы ныхмæ тохы паддзахадон программæйы фæлгæтты медицинон хоскæнынад
Хæстæгдæр бонты райдайдзæн гепатит В-йы ныхмæ тохы паддзахадон программæйы фæлгæтты медицинон хоскæнынад

В гепатит ныхмæ тохы паддзахадон программæйы фæлгæты хæстæгдæр бонты райдайдзысты медицинон хоскæнынад. Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады националон центры директоры хæдивæг Эка Адамиа Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн куыд расидтис афтæмæй, медикамент Гуырдзыстонмæ ныридæгæн æрцыд.

«Диагностикон басгæрстытæ райдианы райдыдтой. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты медицинон дзæбæх кæнын. Медикани ныридæгæн Гуырдзыстонмæ æрбахæццæ ис. Æлхæд æрцыд æмæ ныртæккæ арæзт цæуынц логистикон æгъдæуттæ, уый фæстиуæгæн дихгонд æрцæудзæн лæггæдтæ дæттæг организацитæн.

Ацы этапыл программæйы баст у 15-æй фылдæр уагдон, кæцыйы гæнæн ис ауадзын куыд иртасæн, афтæ дæр хоскæнынад», -расидтис Эка Адамиа.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны гепатит В-йы ныхмæ тохы паддзахадон программæ райдыдта ацы азы июны. Рынчынтæ лæггад райсдзысты бынтон лæвар.

Программæйы фæлгæтты, пациентты скрининг, хоскæнынадмæ бахауынæн æнæмæнгхъæугæ диагностикон иртастытæ æмæ хоскæныны мониторинг паддзахадæй æххæстæй бафидынц, афтæ дæр пациенттæн лæвар лæвæрд цæуынц гепатит В-йы препараттæ.

Гепатит В-йы ныхмæ тохы программæйы архайынц 15 клиникæйæ фылдæр.