Хæлцады  агентад рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн,  фыды æмæ рæвдуæтты,  гуырысхойаг  бынæтты балæхæдæй   сæхи фæуромой
Хæлцады агентад рагфæдзæхст дæтты цæрджытæн, фыды æмæ рæвдуæтты, гуырысхойаг бынæтты балæхæдæй сæхи фæуромой

Хæлцады националон  агентад æмæ  хæлцады  æмæ хъæууон хæдзарады Иугонд Нациты   организаци  (FAO)  сидынц æмбæстæгтæм, сæ хи бауромойц  фыды, фыдпродуктты æмæ  рæвдуæтты  ахæм бынæтты  балхæдæй,   цы ран бавæрыны  гигиеникон нормæтæ  хъахъхъæд не сты.

Хæлцады националон  агентад æмæ хæлцады  æмæ хъæууон хæдзарады  ИНО-йы Ахæлиугонд релизы  куыд дзырдæуы  афтæмæй,   Куадзæнон  бонты  фылдæр кæны  рæвдуæттæй   æмæ дзидзапродукттæй пайдакæнынад.  Райрæзгæ  æркуырды  бындурыл,  арæх  фыд æмæ рæвдуæттæ  уæй кæнынц  æнæмбæлон  уавæрты, цы ран  хъахъхæд не сты  продуктты æдасæй бавæрыны  уавæртæ æмæ нæу  бæрæг фыды  равзæрд, афтæдæр  фосæргæвдæн бынат.

Организацийы Рекомендацимæ гæсгæйæ, пайдагæнджытæ хъуамæ  хъусдард разхдахой  бæрæг аууæлтты æрдæм:  фыд æвæрд хъуамæ уа  сыгъдæг  æхгæд  уазалгæнæны,  æмбæлон температурон режимы,  кæцы у 2-йæ  6 градусы  онг,  æмæ æвæрд  та ма  хъуамæ  уа  48 сахатæй  фылдæр рæстæг.

Хæлцады националон  агентад æмæ Иугонд нациты  хæлцады  æмæ хъæууон хæдзарады  Организаци сæ  зæрдыл дарынц  уыцы аууæл, æмæ æнæофициалон  базарадон зонæты  амалгонд   фыды æмæ дзидзапродуктты æргътæ,  гæнæн ис  хъауджыдæр уа  специализиргонд дуканиты  æмæ гипермаркетты  уæвæг æргътæй.  Фæлæ организацийы  афтæдæр хъусын кæнынц, цæмæй   ветеринарон  сгæрст цухæй  æргæвст  фосы  фыд   æмæ  фыдæй пролуктты,   æндæр пролдукттæй  хъауджыйæ,  гæнæн ис рискъы хæссæг  уа  адæймагæн.  Инфициргонд   цæрæгоййæ   адæймагыл гæнæн ис бахæца  цардæн æмæ нæниздзинадæн тæссаг  низтæ.