Хæдтæхæгæн кæцы Ираны æрхуадта, уыдис техникон проблемæтæ
Хæдтæхæгæн кæцы Ираны æрхуадта, уыдис техникон проблемæтæ

Ираны цы бæлццонон  хæдтæхæг  æрхауд  уымæн, уыд техникон проблемæтæ – хъусын кæны   агентад  ISNA.

Ахæлиу ис информаци,  цæмæй   фæнысангонд   лайнер  иу  мæйы  размæ   техникон  проблемæты тыххæй   тыхбын бацис,  авариаон æрбадт сæххæст кæнын.  Хæдтæхæгы мидæг  кæцыИспаханы   провинцийы æрхаудта, уыдис  66 адæймаг – хъусын кæнынц  ирайнаг агентадтæ.

Бæрæг куыд у афтæмæй,     лайнер,  ATR 72-500  Тегеранæй  Иасуджы  æрдæм  рейс æххæст кодта.  Уый Ираны   хохджын  регионы,   цæрæн пункт   Семиромы цур  æрхауд.

Бортыл  уыдис 60 бæлццон  æмæ  экипажы 6 уæнг.

Авиакатастрофæйы  рæстæджы,    алчи сæ амард –  уый фæдыл   райхъусын кодта   лайнеры  бардарæг  авиакомпани  Aseman Airlines-ы.

Ирвæзынгæнæн операцийы куылымпы  кæныынц уæззау  метеорологион уавæртæ.

Бынатыл  æрбадын нæ  бантыст  хæрдмæтæхæгæн, уый тыххæй  ирвæзынгæнджытæ  цауы бынатмæ  бацыдысты  авто-транспортæй.

Авиакомпанийы  хъусинагæй,   фæмардуæвджытæй иу  у сывæллон.