Хæбæлаты Лери - Фæлтæрæнон æмбырдмæ олимпион лицензимæ кандидаттæ æввахс периоды рахиздзысты
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы алæвæрд «Тайм-ауты» уазæгуат уæвæг Гуырдзыстоны Националон Олимпион комитеты президент Хæбæлаты Лери, гуырдзиаг олимпиæгты цæттæдзинадыл фæныхас кодта. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æввахс фидæны арæнгонд контингент рахиздзæн фæлтæрæнон æмбырдмæ, кæцы уый нысан кæны, цæмæй ам дзырдæуы æрмæст олимпион лицензиты кандидат спортсменты тыххæй.
Федерацитæ æмхъæлæсонæй банысан кодтой, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у фæлтæрнон æмбырд сног кæнын. 200-йы онг спортсмен æрымбырд уыдзæн æмæ уый нæу афтæ стыр нымæц, цæмæй йæ сконтрол кæнын ма бафæразæм.Афтæдæр арвыстам фыстæг премьер-министрмæ æмæ нæ ныфс ис, алцыппæт аскуыддзаг уыдзæн дзæбæх. Дзырдæуы лицензийы кандидат спортсментыл. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, Токиойы 30-35 спротсмен нын уыдзæн. Аст лицензи ацы афонмæ райстам, иннæтæ та хъуамæ самал кæнæм», – райхъусын кодта Хæбæлаты Лери.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй Токиойы олимпион хъæзтытæ цæугæ азы хъуамæ ацыдаиккой, фæлæ коронавирусы пандемийы тыххæй сæ 2021- азмæ аргъавдтой.