Хадайы  комы   цалдæрбонон   агурæн  куыстыты   фæстæ, цыппар   аздзыд  сывæллоны   мардæй   ссардтой
Хадайы комы цалдæрбонон агурæн куыстыты фæстæ, цыппар аздзыд сывæллоны мардæй ссардтой

 

Хадайы  комы   цалдæрбонон   агурæн  куыстыты   фæстæ, цыппар   аздзыд  сывæллоны   мардæй   ссардтой.

уый  фæдыл информацийы,  Фыццаг Къаналæн  сбæлвырд кодта Душеты  гамгебели  Зураб Сехниашвили.

Афтæдæр йæ  информацийæ,   æнахъомы  мардыбуар  ссардтой  æхсæрдзæны алфæмблай  территорийыл.

Сехниашвили куыд  загхта афтæмæй,    бынат цы ран  мардыбуар ссардтой,   æмбæлон  куыстытæн,  æнхъæлцау  фыдгæнæг   бацамыдта,   кæцы  йæ информацийæ,   ахст у.  Дзырдæуы  æрыгон фиййауы  фæдыл.

Ацы  этапыл, æндæр детæлттæ  бæрæг не сты.

МХМ-ы  информацийæ,   Гуырдзыстоны æмæ    Америкйы  дывæрон  æмбæстагдзинад кæмæ  уыд уыцы  дыууæ  уæнгы  æмæ сæ  4  аздзыд сывæллоны   фæтаруыны  фæдыл   хъусинаг 112-æм бацыд   цæугæ  азы  6-æм июлы.   Комы  нырма  ус-æмæ лæгы  ссардтой мардæй,   абон  та  сæ  хъæбулы   мардыбуар дæр ссардтой. Æрцæугæ  фактыл   фæдагуырд  Гуырдзыстоны   тугтæрхоны барады кодексы  116-æм статийы  2-аг хайæ  райдыдта,  кæцы  йæ хъуыдыйы  дары  æнæрхъуыдыйæ  царды  скуынæг  кæнын  æмæ   æфхæрд цæуы  3-йæ  5 азы онг  азстæй.   Цæугæ фæдæвзарæны   фæлгæтты,   снысан ис   тæрхонон-медицинон жкспертизæ. Фыццаг  афæлгæстæй,  иунæг фæмардуæвæгæн дæр нæ  фæбæрæг  тыхмидзинады  нысæнттæ.

Фæмардуæвæг ус æмæ лæгмæ  уыд  дывæрон æмбæстагы  статус  æмæ   цалдæр аз у  Гуырдзыстоны, Марнеулы  цардысты.

Афтæма,   Социалон хызагы,  сæ  адзалмæ  гæсгæ  цалдæр  версий  ахæлиу ис,   сæ нымæцы  ныхас цыд  марындзинады  версийыл дæр.