Кетеван Цихелашвили – програмæ «Амай хуыздæр фидæнæн» дихгæнæг хаххыты дыууæ фарсыл цæрджытæн иумæйаг бизне-проектты бавдысты фадат ратцæн

Уый фæдыл бафидауын æмæ гражданон æмбарады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили проекты презентацийыл расидтис. Информаци министрад парахат кæны.

Мадзалы хайад истой бизнес секторы бæрнонты.

«Програмæ «Амай хуыздæр фидæнæн» дихгæнæг хаххыты дыууæ фарсыл цæрджытæн иумæйаг бизне-проектты бавдысты фадат ратцæн. Хъуыды кæнын цæмæй ацы 25 азы мидæг æнæпрецедентон къахдзæф вæрæм. Дæттæм ног фадаттæ уыцы адæмæн, кæцытæ цæрынц дыууæ фарс дихгæнæг хаххытæм æввахс æмæ сæ фæнды бизнес саразын» – банысан кодта Цихелашвили.

Дихгæнæг хаххытæм æввахс базарадæн къухсарæзты ног грантон програмæ скусдзæн

2019-æм азы фыццæгæм январæй ног грантон програмæ «Амай Гуырдзыстоны фидæнæны» скусдзæн, кæцыйы экономикæйы министрады агентад «Амай Гуырдзыстоны» реализ кæны.

Програмæ Гуырдзыстоны хицауады инициативайы «Къахдзæф хуыздæр фидæнмæ»-йæ къухсарæзты нысанæй уыд арæзт  æмæ дихгæнæг хаххытæм æввахс базары размæцыдæн уыд арæзт.

Пилотон проектæн æрдæг милуан лари у хицæнгонд. Амалиуæгæгнджытæ 7 минæй 35 мины онг сфинансир уыдзысты.

Инициаторты авторты ныхасмæ гæсгæ, программæ йæ къух аразы базарадон æмахастытæн, цæмæй уа фадат дихгæнæг хаххытæм æввахс цæрæг адæмæн мид æмæ æттаг базармæ æххæсын.