Кетеван Цихелашвили - Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвили сæх хатынц æдасæй æмæ нормалонæй
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвилийы информацийæ, Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвили сæх хатынц æдасæй æмæ нормалонæй.
Уый фæдыл Цихелашвили райхъусын кодта Фыццаг Къаналы алæвæрд «Ахали Квира»-йы.
«Уыдон ныр æдасæй сты, æмæ сæхи хатынц дзæбæх. Иттæг нысаниуæгжын æмæ хорз у уый, цæмæй сæм лæвæрд æрцыд уый фадат, ныууагъдаиккой оккупацигонд территори æмæ рацыдаиккой сæ хæдзæрттæм.
Арчил Татунашвилийы мард радæттынмæ мах нырма дæр æнхъæлмæ ксæм, ныфсджын стæм, цæмæй уый дæр тагъд бантысдзæн» – расидтис Кетеван Цихелашвили.
Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвили оккупацигонд Ахалгорæй абон рацыдысты.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, 22 февралы оккуцпацигонд Цхинвалы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты Арчил Татунашвилийы, Лоеван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы æнæзакъононæй æрцахстой.
Арчил Татунашвили 23 февралы оккупацигонд сахар Цхинвалы рынчындоны æнæбæрг уавæрты æрбамард. Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы а.х. ахæстонæй ссæрибар кодтой, фæлæ ацы рæстæгмæ уыдысты оккупацигонд территорийыл.