Кетеван Цихелашвили – хъуамæ спайда кæнæм æууæнкы арæзтады æмæ диалогы проектытæй, кæцытæ нын æнхъарынц æхсæнадæмон организацитæ
Евросоветы мониторингы миссийы минæвæрттæ, фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты паддзахадон министримæ фæныхас кодтой. Кетеван Цихелашвили уазджытæн æрзонгæ кодта бæстæйы сабырадон политикæ æмæ оккупацион хаххыгæрон территоритыл архайæг уавæр. Министры æмбарынгæнæнтæм гæсгæ, Европæйы советы парламентон ассамблейы мониторингы комитеты уæнгтæ, оккупацигонд территориты арæнгæрон хъæутæм ныццæудзысты æмæ цæрджыты уавæртимæ бынатыл æрзонгæ уыдзысты.