Кетеван Цихелашвили – а.х. Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъды сæххæст, бавджид ис юстицийы æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрадтæм
Гуырдзыстоны фыидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры, Кетеван Цихелашвилийы фидиуæнæй, а.х. Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъдмæ хаст æрцыдысты Арчил Татунашвилийы хъуыддагимæ баст дыууæ зылынмæ лæвæрд, Гуырцъыты Дауыт æмæ Табуты Алик, афтæдæр Отхозориайы марындзинады зылынмæ лæвæрд Канджиогълы.
Кетеван Цихелашвили куыд расидтис афтæмæй, парламенты резолюцимæ æмбæлгæйæ, хицауад сбæлвырд кодта а.х. Отхозориа-Татунашвилийы номхыгъд, ацы хыгъдмæ хаст сты 33 уæнгы, адон сты адæймæгтæ, кæцытæ 1991 азæй оккупацигогд территоритыл Гуырдзыстоны æмбæстæгты ныхмæ сæххæст кодтой уæззау фыдракæндтæ æмæ кæцыты æрдæм уагъд цæуы тугтæрхоны барады хъуыддаг, кæнæ та цыдис ивгъуыды.
«Ацы 33 уæнгы сты зылынмæ лæвæрд кæнæ тæрхонмæ лæвæрдтæ уæззау фыдракæнды тыххæй, бæрæг у ардæм хаст æрыдысты афтæдæр Татунашвилийы хъуыддагимæ баст дыууæ зылынмæ лæвæрд æмæ Отхозориайы марындзинады тæрхонмæ лæвæрд Канджи Огълы, кæцы агуырдмæ лæвæрд æрцыд интерполæй. Нысаниуæгджын у, цæмæй парламенты резолюцимæ æмбæлгæйæ фæбæрæг ис уыцы мадзæлттæ, кæцытæ уагъд хъуамæ æрцæуа ацы уæнгты æрдæм, цæмæй уагæвæрд æрцæуа алы гæнæн арæнæвæрд. Уый нымæцы, мулкъон, финансон, бынативды арæнвæрд æхсæнадæмон æмгарады æрдгæй номхыгъды уæвæг уæнгты æрдæм. Фæбæрæг ис уыцы уагдæттæ, кæцытæ брнон уыдзысты уый сæххæстыл. Адон сты, юстицийы министрад æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрад, кæцы сæххæсты фæдыл иу рæстæгонæй периодонæй хыгъдлæвæрд бавдисдзæн куыд хицауадæн, афтæдæр парламентæн, сæххæсты фæдыл» – райхъусын кодта Цихелашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,нысаниуæгджын у цæмæй ацы номхыгъд æхкæд нæу.
«Барадхъахъхъæнæг оргæнты æрдгæй дарддæр кæны фæдагуырд æмæ ног аххосджындзинад фæбæрæгы цауы гæнæн ис, ацы номхыгъд ауæрæхдæр уа. Бафтауæм ма йæм æндæр уæнгты нæмттæ æмæ периодонæй фæзына ацы уынаффæйы ивды хуызæй. Номхыгъд парламентмæ æрцæудзæн æрвыст æмæ уымæ æмбæлгæйæ, сæрмагондæй Отхозориайы цауы, номхыгъды ис тæрхонмæ лæвæрд уæнг, Татунашвилийы марындзинады зылынмæ лæвæрдтæ Гуырцъыты Дауыт æмæ Табуты Алик. Номхыгъд у 33 лæгæй»- райхъусын кодта Кетеван Цихелашвили.
Министр куыд банысан кодта афтæмæй, парламенты резолюци ныридæгæн бæрæг кæны уый, цæмæй цы типы арæнвæрдтæ гæнæн ис сбæлвырд кæнын, уый нымæцы бынативды арæнвæрд, мулкъимæ баст арæнæвæрд, хъоды, финансон транзакцитимæ баст арæнæвæрдтæ æмæ ндæр.
«Бæрæг у Гуырдзыстоны хицауад, афтæдæр Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, юстицийы министрад æмæ алы уыцы уагдон, кæцымæ ис компетенци, интересджын у, цæмй максималонæй эффективонæй скусын кæной ацы арæнæвæрдтæ» – бафтыдта ма Цихелашвили.