Кетеван Цихелашвили – Гуырдзыстон йæ рæзынады къурсæй æмæ реформæтæй, никæй ныхмæ хæцы
Гуырдзыстон йæ рæзынады къурсæй æмæ реформæтæй, никæй ныхмæ тох кæны – уый фæдыл фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрæды фарстыты Гуырдзыстоны паддзахадон министр, Кетеван Цихелашвили Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведевы фидиуæны дзуаппæн райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм типы фидиуæнтæ Уæрæсейы политикъон зылдты æрдгæй арæх райхъуысынц зæгъгæ.
«Хъыгагæн уый ног хабар нæу, фæлæ ноджы иу хатт æрмæст иу цыдæр зæгъын у мæ бон. Гуырдзыстон йæ рæызаныд къурсæй, реформæтæй никæй ныхмæ тох кæны. Гуырдзыстоны европæйаг æмæ евро-атлантикон рæзынады къурс, ист у æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй бæстæ сæрибар, демокративон уавæрты райтынг кæна йæ экономикæ, æмæ йæ адæм йын уа хъахъхъæд. Ай у æдасдзинады æмæ фарны аууæл, кæцы нæу нæдæр Уæрæсейы æмæ нæдæр искæцы æндæр бæстæйы ныхмæ. Ай у æнæрмæст хицауады, фæлæ ма у адæмы барæвзар дæр», – райхъусын кодта Цихелашвили.
Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведевы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвын зæгъгæ, катастрофион фæтсиуджытæй фæуыдзæн. «Цæгат-атлантикон альянсы Гуырдзыстоны уæнгсуæвын, гæнæн ис æбуалгъ конфликт сцырын кæна. Зынæмбаргæ у, цæмæн хъæуы алцыппæт ай», –райхъусын кодта Медведев радио «Коммерсант FM»-имæ интервьюйы.