Кетеван Цихелашвили – фарстытæ, чи у  оккупант,  чи æрбабырста Гуырдзыстонмæ æмæ чи  сæххæст кодта  хæст,  нæй  гæнæн æмæ искæмæ уа, уымæн æмæ  уый  æппæт бакæнæг уыд Уæрæсе
Кетеван Цихелашвили – фарстытæ, чи у оккупант, чи æрбабырста Гуырдзыстонмæ æмæ чи сæххæст кодта хæст, нæй гæнæн æмæ искæмæ уа, уымæн æмæ уый æппæт бакæнæг уыд Уæрæсе

Фарсты нысæнттæ,  цæмæй  чи у  оккупант,  чи æрбабырста Гуырдзыстонмæ æмæ чи  сæххæст кодта  хæст,  нæй  гæнæн æмæ искæмæ уа, уымæн æмæ  уый  æппæт бакæнæг уыд Уæрæсе, – уый фæдыл  фидыды æмæ  æмбæстагон æмсæрады  фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  æндæр  фарста у  аргълæвæрд, Гуырдзыстоны уæдыккон хицауад сарызта æви нæ алцыппæт,  цæмæй   тасæй  бæстæ  аиуварс кодтаит.

«Фылдæр бæрнæй  хъуамæ  уæм, фæлæ  арæх  кæрæдзийыл  не нгуылдзтæй амонгæйæ  архайæм.  Мæнæн,  адæймагæн, кæцы æндæртимæ иумæ  æрвылбойнонæй  ацы  куыст кæны, цыдæриддæр  нæ бæстæйы   деоккупацийæн сабырадон тох хуыйны  æмæ уыцы адæмы  интерестæй  рацæугæйæ,   кæцытæ  ацы окупацион хаххы æрвылбойнонæй  уынынц,  æнæкæсгæ уымæ,  уым цæрынц, тох кæнынц, рæзынц, сæ хъæбултæн хорз ахуырад дæттынц, мæ  хъуыдымæ гæсгæ, фылдæр бæрнæй  хъуамæ уæм  æмæ  цыдæр фарстатæм гæсгæ дзыллæйы  фылдæр консолидацидзинадмæ æрцæуæм.

Цæй зæгъын æй хъæуы, Путин у окупант æмæ знаг»,- райхъусын кодта Кетеван Цихелашвили.