Кетеван Цихелашвили бизнес-секторæн бавдыста хицауады инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм»
Фысымуат «Кортиард Мариоты» Гуырдзыстоны базарадон-кондадон палатæйы организацигондæй, паддзахадон министр фидиды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Кетеван Цихелашвили бизнесы секторæн базонгæ кодта хицауады инициативæ «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм». Амалы æморганизатор у Абхазийы автономион республикæйы базарадон-кондадон палатæ.
Фембæлд Гуырдзыстоны базарадон-кондадон палатæйы президент Нино Чиковани æмæ паддзахадон министр фидиды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстыты Кетеван Цихелашвили байгом кодтой.
Мадзаоы нысан у бизнесы секторæн, уый нымæцы оккупацигонд территоритæйы тыхбын бынативгæ уæнгтæн (кæцытæ архайынц бизнесы) ног сабырадон инициативæйы фæдыл информацийы бадæттын уыд. Фембæлды хайад истой Гуырдзыстоны базарадон-кондадон палатæйы æмæ Абхазийы автономион республикæйы базарадон-кондадон палатæйы уæнг компаниты минæвæрттæ.
Ног сабырадон инициативæ, «Къахдзæф хуыздæр Фидæны æрдæм» йæ хъуыдыйы дары æртæ ардæмад: дихгæнæг хаххы дæргъмæ базарады апарахат кæнын æмæ рæувадат скæнын ног фадæттæ сæвзæрын кæныны нысанæй; ахуырады райсынæн æфтауцæй фадæттæ саразын æмæ рæувадат скæнын алы къæпхæныл, куыд бæстæйы мидæгæй афтæ фæсарæнты дæр ; ахæм механизм бакусын, кæцыйы руаджы фенцондæр уыдзæн рæувадатдзинад уыцы хорздзинæдтыл æмæ пайдайыл, кæцытæй бæстæ тынгады фæстиуæгæн, сæ нымæцы евроинтеграцийы фæндагыл ссис æнцонвадат ( æнæвизæ змæлд, сæрибар базарадон тыгъдад).
Фембæлды фæлгæтты сырæзт дискусси. Мадзалæн финансон æнцойад срæвдз кодта Мюнхены æмæ Уæллаг Бавариайы базарадон-кондадон палатæ (IHK), Гуырдызстоны базарадон-кондадон палатæимæ партнерон проекты фæлгæтты.