Кетеван Чачава - æвзарæнон системæйы ивд у сæйраг æнтыст, кæцыйы æнæмæнгæй хъæуы кæронмæ бакæнын
Уый цæмæй æвзарæнон системæ ивд цæуы, уый у сæйраг æнтыст, кæцы æнæмæнгæй кæронмæ хъуамæ бакондæуа – уый фæдыл организаци «Сектори 3»-ы бындурæвæрæг Кетеван Чачава æвзарæнон закъондæттынады æрцæттæгонд ивдтытыт проектмæ гæсгæ райхъусын кодта.
Йæ аргълæвæрдæй, иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй æвзарæнон реформæмæ гæсгæ, кусæн процесс цæуы.
«Ахæм комплексон реформæ, кæцы аххæссдзæн æвзарæнон системæйы ивдтытæм, бирæ фарста дары йæ хъуыдыйы. Куысты режим дæр тынг нысаниуæгджын у, уымæн æмæ архайы инклюзивон процесс. Цæй зæгъын æй хъæуы ацы процессы уыдзæн хъуыдыты хъауджыдæрдзинад дæр, фæлæ æмтгæй райсгæйæ уый цæмæй æвзарæнон системæ ивд цæуы, у сæйраг æнтыст, кæцы æнæмæнгæй хъуамæ ахæццæ уа кæронмæ» – райхъусын кодта Кетеван Чачава.
Æвзарæнон закъондæттынады реформæйы кусæн къорды фембæлд фысымуат «Шератон Гранд Тбилиси Метехи Паласы» цæуы. Фембæлды размæ, парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзе брифинг сарызта æмæ фылдæрты бакуыст æвзарæнон закъондæттынадмæ бахæссинаг ивдтыты проект бавдыста.