Керсти Кальюлайд – кæд мах аныхъхъуырдтам Гуырдзыстон, аныхъхъуырдтам Хъырым, уæд та  уыдзæн ног сырх хахх, кæцыйыл Уæрæсе ахиздзæн
Керсти Кальюлайд – кæд мах аныхъхъуырдтам Гуырдзыстон, аныхъхъуырдтам Хъырым, уæд та уыдзæн ног сырх хахх, кæцыйыл Уæрæсе ахиздзæн

Эстонийы  президент  Керсти Кальюлайды хъуыдымæ гæсгæ,  Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæйы  æртæ азы  фæстæ, Европæйы æрдгæй  Уæрæсеимæ  ахуыр ахастытæ сног кæнын, расайдта Хъырымы анекси.  Ацы   фидиуæны Эстонийы президент сарызта  украинаг медиимæ интервьюйы рæстæджы.

«Ай расайдта зæй,  кæцыйы фæстиуæг уыдис Хъырымы анекси. Йеуæд Уæрæсе райста  бындур ахъуыды кæнынæн: Уойæ  зæгъгæ,  ныр уыдон нæ ныхмæ  цыдæртæ  дзурынц,  фæлæ æртæ мæй  фæстæ  банйайдзысты  æмæ уый  æцæгæйдæр афтæ уыд.  Гуырдзыстонимæ  хæстæйы æртæ азы  фæстæ,  Уæрæсе  Евроцæдисимæ  æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  тыххæй бадзырдтæ  арызта.

Мах Европæйы  нæ рæдыд  бамбæрстам æмæ ацы урок  бацахуыр кодтам. Ныр нæ бон  нал у  уый зæгъын; хорз зæгъгæ 2014 азы нæдæр афтæ дзæбæх хъуыддаг æрцыд, фæлæ цæй ма  размæ цыд  адарддæр кæнæм.  Кæд  аныхъуырдтам  Гуырдзыстон, Хъырым, уæд та фæзындзæн  радон сырх хахх, кæцыйыл Уæрæсе уайтагъд ахиздзæн», – райхъусын кодта Эстонийы президент.

Эстонийы   президент нымайы, цæмæй   Уæрæсейæн санкцитæ феуæгъддæр кæнынæн  ныр  ницы  бындур нæй.

«Мæ  хъуыдымæ гæсгæ,   уый не рцæудзæн. Уый бындур нæй.  Уойæ,  æрцыд Украина æмæ  Уæрæсейы æхсæн   уацайрæгты  баивд, фæлæ  ай æрмæстдæр фыццаг къахдзæф у.  Разæй та нæм даргъ фæндаг кæсы. Хъырым  ацы афонмæ  оккупацигонд у. Хæст дарддæр кæны», –  райхъусын кодта  Эстонийы президент.