Келли Дегнан - Украинайæн æмæ Гуырдзыстонæн бирæ нысаниуæгджын дæр уыдзæн, иумæ слæууын дурзæрдæ сыхагы, Уæрæсейы тасы ныхмæ, кæцы архайы, байса уын уæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад
Украиинайæн æмæ Гуырдзыстонæн бирæ нысаниуæгджын дæр уыдзæн, иумæ слæууын дурзæрдæ сыхагы, Уæрæсейы тасы ныхмæ, кæцы архайы, байса уын уæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, ныр æцæгдæр пайдаджын уыдаит, кæрæдзи æфхæрæнтæ ныууадзын æмæ банысан кодта, цæмæй быцæудзинад æрмæст Уæрæсейæн у пайдаджын.
«Украина æмæ ам Гуырдзыстоны бæрæг адæймæгты æхсæн кæрæдзи зылынæгæнæн фидиуæнты тыххæй куы зæгъæм, уæд сæ æй мæхи хъустæй нæ фехъуыстон, цæмæй искæцы политикон лидер архайы, Гуырдзыстоны хæстмæ баласын. Æцгæй æз фехъуыстон,ц æмæй адæймæгтæ сты тынг арæхсгай æмæ тынг сенситивон уыцы фактмæ гæсгæ, ома Гуырдзыстоны территорийыл нырид ис Уырыссаг тыхтæ. Гуырдзыстон нырид рацыдис уæ æмбæстæгтыл Уæрæсейы тыхты бырст æмæ уæ территорийы окккупацийы риссаг фæлтæрддзинад. Афтæмæй куы хъуыды кæнын, æцæгдæр пайдаджын уыдзæн ныр, алчи иумæ куы хъуамæ слæууа алкæй тыххæй, урæд æрцæуæд кæрæдзимæ лæбурдтытæ. Ахæм быцæудзинад æрмæст Уæрæсейæн хæссы пайда. Ахæм лæбурдтытæ Гуырдзыстоны пырх кæны. Ай у дезинформаци, кæцы æрмæтс Уæрæсейæн у æхсызгон æмæ æрмæст уырыссаг нысæнттæн лæггад кæны. Афтæмæй бирæ нысаниуæгджын уыдзæн Украинайæн, Гуырдзыстонæн, цæмæй иумæ слæууой дурзæрдæ сыхаг, Уæрæсейы тасы ныхмæ, кæцы архайы байса уын уæ суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинад» – райхъусын кодта Келли Дегнан.