Келли Дегнан – Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон у закъонтæ  цырд райсын, ивддзинæдтæ  сыххæст кæнын, АИШ цæттæ у баххуыс уа  Гуырдзыстонæн ацы реформæтæ сыххæсты
Келли Дегнан – Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон у закъонтæ цырд райсын, ивддзинæдтæ сыххæст кæнын, АИШ цæттæ у баххуыс уа Гуырдзыстонæн ацы реформæтæ сыххæсты

АИШ цæттæ у, цыфæнды  формæйæ  баххуыс уа Гуырдзыстонæн  реформæтæ сыххæсты, –  уый фæдыл  журналисттæн   фехъусын кодта АИШ-ы минæвар Гуырдзыстоны  Келли Дегнан.

Келли Дегнан Евроцæдисы  рекоменадциты сыххæсты  фæдыл   фарсты дзуаппæн куыд  загъта  афтæмæй,   зæгъгæ  иннæ  6 мæйы, нысаниуæгджын фадат сты æмæ  нæй гæнæн  рæстæг хуымæтæджы сафын.

«Федтам, цæмæй  хицауадæн йæ бон у,  закъондæттынад цырд æххæст кæнын, закъонтæ  цыбыр рæстæгмæ райсын. Дæнцæн, фæтагъдгонд уангæй  инспекторы  офис куыд аивдтой уый, афтæма æндæр  закъонты  фæтагъдгонд  уагæй  райст.  Уыдонæн æцæгдæр у сæ  бон  ацы ивддзинæдтæ  цырд сыххæст кæнын. Гуырдзиаг адæмы ацы  ивддзинæдтæ сыххæст фæнды  æмæ ис  уымæ цæттæдзинад дæр. АИШ дæр цæттæ у  æмæ йæ фæнды,  цыфæнды формæйæ  баххуыс уа  Гуырдзыстонæн ацы реформæтæ  сыххæсты.  Алчи дзæбæх  хъуамæ æрымбарæт,  цæмæй  иннæ æхсæз мæйы сты  нысаниуæгджын  фадат æмæ рæстæг сафын  гæнæн нæй.   Зонын, цæмæй   Гуырдзыстоны  цæрджыты, æмбæстагон дзыллæйы, афтæдæр  хицауады мидæг  бирæты фæнды  фæнысангонд реформæты сыххæст кæнын», – райхъусын кодта Келли Дегнан.