Келли Дегнан – АИШ йæ фарс хæцы, кæцыдæр партийæн нæ фæлæ Гуырдзыстоны  цæрджытæн, цæмæй  сæ бон бауа стабилон, æнтыстджын демократи  сфидар кæнын
Келли Дегнан – АИШ йæ фарс хæцы, кæцыдæр партийæн нæ фæлæ Гуырдзыстоны цæрджытæн, цæмæй сæ бон бауа стабилон, æнтыстджын демократи сфидар кæнын

Украианйы  уæвæг уавæрыл  гуырдзиаг контекстæй  ныхас нысаниуæгджын у Гуырдзыстонæн дæр, нысаниуæгджын у, Гуырдзыстон  ауына,  цæмæй йæ  хæлæрттæ, æхсæнадæмон дзыллæ  ахуыр кæнынц проблемæ æмæ архайынц  кризис кæрон скæнынæн фæндæгтæ бацагурын, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар Келли Дегнан Тбилисы æхсæнадæмон конференцийыл   «Слава Україні» дзырдæй ралæуды рæстæджы загъта.

«Азты дæргъы  АИШ æххуыс кæны æискæцы политикон партийæн нæ фæлæ,  Гуырдзыстоны  цæрджытæн, цæмæй  сæ бон бауа  уа сын стабилон, æнтыстджын  демократи. Уый у Гуырдзыстоны АИШ-ы сæйраг интерес.  Ис бирæ  быцæусидт æмæ вазыгджын ахызт  бирæ æрдæмадæй, фæлæ   быцæусидтыты параллелонæй,  мæ фæнды фенын, раст  арызт цы  цæуы  ацы бæстæйы  уый, уымæн æмæ  хаттæй-хатт иу  фесафæм нæ  цæстæнгас  ацы  æрдæм,  акценттæ куы аразæм  ахæм фарстатыл, кæцытæ  цæрынæн  ахсджиаг сты  Гуырдзыстоны  европаг  фидæнæн. Хъуамæ баххуыс кæнæм  ацы бæстæйæн  стабилондзинад æмæ æнтыст арæзтады, йæ демократон   структурæтæн. Алкæмæй курæг дæн,   рацæуат Тбилисæй  æмæ фембæлат цæрджытимæ  йæ æддæйæ, цы ран  æнæхъахъхъæд сты  дезинформацийæ, мæгуырдзинадæй, æгуыстдзинадæй, бæрзонд æргътæй,  хатт   æвзæр ахуырадæй  æмæ  инфраструктурæйæ  дæр.  Гуырдзыстонæн нæй  цыбыр фæндаг  Евроцæдисмæ интеграцийæн, Балтийгæрон бæстæты цауы  куыд уыдис, афтæ», –  райхъусын кодта Дегнан.

Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнаны фидиуæнæй,  зæгъгæ æнæмæнгхъæугæ у  æхсæнадæмон дзыллæ  адарддæр кæна Гуырдзыстонæн фарсхæцын.

«Мах нæ бауыдзæн  нæ бон Гуырдзыстонæн баххуыс кæнын, кæд нæ  уыдзыстæм максималонæй  зæрдæргом  æмæ иурæстæгонæй   нæ бакусдзыстæм иумæйагæй ууыл, цæмæй  цы цæмæ æххæссы  уыцы  стандартты сыххæст, НАТО-ы æмцæдисонтимæ кæнæ Евроцæдисы уæнгтимæ иумæ, иу фынгыл  куы бадыс уæд. Уый у  уæззау  куыст æмæ Гуырдзыстонæн нæ уыдзæн цыбыр фæндаг, фæлæ  мах хъуамæ  уæм  Гуырдзыстонæн, гуырдзиаг адæмæн йæ фарсмæ,  сæ къух сын ацаразæм  æмæ зæгъæм,  цы цæуы  ацы бæстæйы дзæбæх, афтæдæр радзурæм уыцы быцæусидтытæй æфсæст  куысты фæдыл, кæцы у  саразинаг», –  райхъусын кодта Келли Дегнан.