Келли Дегнан Аджарийы регионмæ ныццыд
Гуырдызстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан Аджарийы ис.
Аджарийы хицауады сæрдар Торнике Рижвадзе АИШ-ы минæваримæ базонгæйы хуызы фембæлд сыххæст кодта æмæ бузныг расидтис стратегион партнердзинад æмæ æмкуыстдзинады фæдыл, афтæ дæр Гуырдызстоны суверинитет æмæ територион æнхъæндзинады фарсылхæцындзинадæн.
Аджарийы хицауады апарахатгонд информацимæ гæсгæ, фембæлдыл ныхас баххæсыд инвестицион фадаттæ æмæ бизнес тыгъдадмæ. Афтæ дæр Аджарийы экономикайы стимуляци æмæ туристон потенциалы фæтыхджыны къуымæй планонд мадзæлттæм. Уыд нысангонд, цæмæй Аджари короновирусы уавæры, плангонд стандартты зæрдæвæрдæй, туристты баинтересы къуымæй æндæр æмæ æндæр мадзæлтты реализаци палн кæны.
Фембæлдыл хъусдард сцырын ис бæстæты æхсæн хихъахъæнад æмæ æдасдзинады сфераты æхæхстгонд фæстиуджытыл.
«Тынг цымыдисон фембæлд сырæзт Аджарийы хицауады сæрдаримæ. Нæ фыццаг фембæлд уыд. Æхсызгон мын у кæй уыд мын лæвæрд фадат сæрдаримæ фембæлын, цæмæй аныхас кодтаиккам куыд «Ковид-19» зындзинæдтыл, афтæ дæр экономикон реабилитацийы фæндæгтыл.
Батум тынг рæсугъд горæт у стыр потенциалимæ. Ныфс дарæм уыцы инициативæтæ, кæцытæ АИШ спалн кодта Аджарийы регионы фæдыл сыхæхст уыдзысты. Бузныг Аджарийы хицауады сæрдарæн ацы фарсылхæцындзинадæн.
Сæрыстыр стæм Батумы библиотекайы архайгæ америкаг къуымæй. Бузныг сидæм ацы проекты фарсылхæцындзинадæн» -расидтис минæвар.