Келли Дегнан -2020 аз уæззау уыд, фæлæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы алкæмæй хуыздæр фарсытæ бавдыста, фæтыхджын кодтам партнердзинад æмæ иумæ реалон прогрессмæ баххæсыдыстæм
Келли Дегнан -2020 аз уæззау уыд, фæлæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы алкæмæй хуыздæр фарсытæ бавдыста, фæтыхджын кодтам партнердзинад æмæ иумæ реалон прогрессмæ баххæсыдыстæм
Уый фæдыл сиды Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар Келли Дегнан видео-басидты, кæцы «Фейсбукы» минæварады фарсыл рапарахат ис.
«2020 аз, æнæксæгæ «Ковид-19» расидæнтæм, АИШ-ы минæварад адаргъ кодта Гуырдзыстонимæ партнердзинады фæарфдæр кæнын бирæ сфераты. Мах иумæ кусæм æнтыстджын, стабилон æмæ демократион Гуырдзыстонæн, кæцы у баст евроатлантикон нациты бинонтимæ. Сæрмагондæй, АИШ-ы профессионалты къорд Гуырдызстоны нæ æрдхордтимæ иумæ куыста: «Ковид-19» ныхмæ къахдзæфтыл æмæ Гуырдзыстоны æнæниздзинады хъахъæды системайы фæхуыздæрыл, рæстадон æмæ хæдбар тæрхондоны, рæстадон системайы фæтыхджыныл, экономикон размæцыд æмæ рæзты стабилондзинадыл, кæцы хорз куыстон бынæттæ раддзæн æмæ фылдæр инвестицитæ æрхæсдзæн, Гуырдзыстоны хихъахъæнад æмæ æдасдзинады тыхты фæтыхджыныл æмæ бæрнджын медийы, рухсады æмæ культурайы бындуры бавæрды фарсылхæцындзинады къуымæй.
Снысангонд програмæтæ ис ноджы АИШ-Гуырдызстоны партнерады алкæмæй нысаниуæгджын сферæ: нæ адæм. Иумæ ацы прораматы фæрцы гуырдзийæгтæ æмæ америкæгтæ нæ дыууæ бæстæйы æмæ ацы регионы хуыздæр фидæн аразынц. 2020 аз уæззау уыд, фæлæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы алкæмæй хуыздæр фарсытæ бавдыста, фæтыхджын кодтам партнердзинад æмæ иумæ реалон прогрессмæ баххæсыдыстæм» -ис фыст минæварады фарсыл рапарахатгонд видео-басидты.