Гуырдзыстоны Гаагæйы тæрхондоны минæварады къухдариуæггæнæг Каупо Канди хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты равзарын активон фазæйы ис, фæлæ конфиденциалондзинады тыххæй, дзыллæйæн фæдæвзарыны детæлтты тыххæй информаци æхгæд у. Кандийы дзырдæй, фæдæвзарыны цыппаразон периоды дæргъы бирæ мадзал æрцыд уагъд, кæцытæ æмбæлон фæстиуджытæ æрхастой.
«Факт у цæмæй фæдæвзарын дарддæр кæны æмæ Гуырдзыстонмæ æрцæуынц фæдагурджытæ фæлæ процессы цыд конфиденциалон у. Уый тыххæй дæр, фæдагуырдыл æхсæнадон информаци нæй. Махæн нæу бæрæг конкретон æмгъуыдтæ, фæдæвзарын ахæсдзæн уый бæрц рæстæг, цасдæр бæлвырдгæнæнты рацагурыны прокуроры офисы бахъæудзæн.
Уый тыххæй цæмæй нæхи æруадзæм процессы хæрзнамысджындзинад æмæ адæймæгты æдасдзинад, алы фæдагуырды алы аспект конфиденциалон хъуамæ уа. Сæрмагондæй мах, тæрхондоны Тбилисы минæварад ICC-ы регистратурæ стæм æмæ æрмæст администрацион æххуысы хайы иу баиу вæййæм хъуыддагмæ, æмæ нæ фæдæвзарынмæ, кæцы у прокуроры офисы компетенци. Мах стæм нейтралон фарс, фембæлдтæ аразæм медиимæ, æнæхицауадон сектор æмæ дипломаттимæ, цæмæй сын базонгæ кæнæм цæй æнхъæлмæ хъуамæ уой процессæй», – банысан кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы Канди.
Гуырлдзыстоны тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондон минæварад 2017 азы декабры бакодта, кæцыйы сæйраг куыст, фылдæр у техникон. Офисы минæвæрттæ оккупацион хаххы цур уæвæг хъæутæм ныццæуынц æмæ цæрджытимæ фембæлынц. Фæстаг ногдзинæдтимæ базонгæйы нысанæй, фембæлдтæ аразынц хицауады æмæ æртыкккаг секторы минæвæрттимæ, цæмæй сын иуыл ног информаци бадæттой Августы хæсты фæдагуырд.