Катовицейы уагъд ИНО-ы конференцийыл 200-ы онг бæстæ, Паризы климатон бадзырды сæххæсты план сразы кодтой
Польшæйы сахар Катовицейы уагъд ИНО-ы конференцийыл 200-ы онг бæстæ дыууæкъуырион бадзырдты фæстиуæгæн, Паризы климатон бадзырды сæххæсты план сразы кодтой. Уый фæдыл ИНО-ы климатон конференцийы сæрдар Польшæйы æрдзы хъахъхъæды министры хæдивæг, Михал Куртика райхъусын кодта. Карз бæдзырдты тыххæй, конференци байрæджыгондæй æрцыд æхгæд.
200-ы онг бæстæйы минæвæрттæ, атмосферæйы æвзалытуаг газы концентраци бæрæггæнæг рухсдзыд æгъдæутты æмæ нормæтыл сразы сты.
2015 азы къухбафыст Паризы климатон бадзырды сæйраг нысан, глобалон климаты ивды регулиркæнын æмæ планетæйы астæуккаг афæдзон температурæйы рæзт 2°C-йæ къаддæрæй бауромын уыд. Нысанмæ баххæссынæн ,бæстæтæн сæйраг рард уыдзæн карбоны диоксиды рахицæн фæкаддæр кæнын.
Паризы бадзырды климаты ивды фæдыл, 190-æй фылдæр бæстæ 2015 азы декабры бафыста къух. АИШ-æ глобалон бадзырдæй, официалонæй 2017 азы рахицæн ис.