Католикон аргъуан куадзæн фыццæгæм апрелы нысан кæны
Католикон аргъуан куадзæн фыццæгæм апрелы нысан кæны

Католикон аргъуан куадзæн фыццæгæм апрелы нысан кæны

 

Католикон  аргъуанæн снысангонд къуыри тынг нысаниуæгджын у. Стыр цыппæрæмы, Чырыстийы зæххон царды фæстаг цаутæ – Иесойы ахуыргæнинæгтæ йæ къæхтæ ныхсаттой, сусæг  æмбырд Гетсиманийы цæхæрæдоны Иесойы куывд æмæ Иудайы гадзрахат дары йæ зæрдыл.

Гуырдызстоны сомихаг аргъуанты цыппæрæм райсомæй цæуы æхæхст литурги. Къах ныхсын æмæ зетийы уагъды ритуалы фæстæ. Стыр цыппæрæмы изæры арæзт цæуы куывд æмæ библийæ цæуы каст æндæр æмæ æндæр хæйттæ.

Сырх майрæмбоны – ацы бон алкæмæй уæззау бон у æнæхъæн афæдзы мидæг. Аргъуаны нысан кæнынц Чырыстийы дзуарыл мард, йæ райст æмæ ныгæд.

Стыр Сабат та нысан кæнынц Иесойы уæлахиздзинад зындоныл æмæ рæстадон удты æссæрибар. Аргъуаны уагмæ гæсгæ, изæры хуыцауæн лæггады ног бон райдайы.

Ацы аз сомихæгты аргъуан Куадзæны фыццæгæм апрелы нысан кæны.