Катерина Матернова – ныфс мæ ис фæззæгмæ Гуырдзыстон æгъгъæд сараздзæн кандидаты статус райсынæн
Пурти ныр Гуырдзыстонмæ, Гуырдзыстоны фæзыгыл ис, Гуырдзыстоны хицауадмæ, фæлæ афтæдæр æмбæстагон дзыллæмæ, парламентмæ, æмбæстагон бастдзинады бар у. Кандидаты статусыл рагафон дзурын мæ бон нæу, фæлæ бæрæг у, цæмæй нырма ис саразинаг къахдзæфтæ 12 æрдæмадæй, кæцы мах дырыс бавдыстам, – уый фæдыл Еврокомиссийы сыхагон æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты генералон директор, Катерина Матернова райхъусын кодта.
«Æз кусын Европаг Комиссийы, кæцы у евроцæдисы институтты æххæстгæнæг оргæн æмæ уый, кæцы æрццæт кæны цæстæнгас æмæ йæ бавдисы уæнг паддзахадтæм сбæлвырд кæнынмæ. Æнæмæнгхъæугæ у, уый банысан кæнын, ома пурти ныр Гуырдзыстоны фæзыл ис, Гуырдзыстоны хицауадмæ, фæлæ афтæдæр æмбæстагон дзыллæмæ, парламентмæ, æмбæстагон бастдзинадыл , кæцыйы федтам, æмæ кæцы иттæг нысаниуæгджын у. Бафарстат мæ кандидаты статусы тыххæй, фæлæ мæ бон рагафон дзурын нæу, абон тынг зын у уый зæгъын, фæлæ бæрæг у, цæмæй нырма ис саразинаг къахдзæфтæ 12 æрдæмадæй, кæцытæ мах дырыс бавдыстам», – райхъусын кодта Матернова.
Йæ дзырдæй, зæгъгæ ацы аз фыццаг хатт фæззæджы Гуырдзыстон, Украина æмæ Молдовæимæ иумæ уыдзæн ауæрæхы пакеты аргълæвæрды.
«Уыимæ æнæмæнгхъæугæ у нæ зæрдыл бадарæм, цæмæй Гуырдзыстон райста Европаг перспективæ æмæ ацы аз фыццаг хатт фæззæджы уыдзæн Украина æмæ Молдовæимæ иумæ уыдзæн ауæрæхы пакеты аргълæвæрды. Уый у перспективæ цы бæстæтæм ис, уыдон алкæй, балканты æхсæз бæстæйы, турчы æмæ хурыскæсæн партнерады æртæ бæстæйы тынг деталон аргълæвæрд. Афтæмæй, уыдзæн лæмбынæг аргълæвæрд, кæм лæууы гуырдзыстон æмæ мæ стыр ныфс ис, цæмæй абонæй фæззæгмæ æгъгъæд сараздзысты кандидаты статус райсынæн, фæлæ ацытæккæ ууыл ныфс кæнын раджы у», – райхъусын кодта Матернова.