Каталикос-Патриарх фембæлд минæвæрттимæ
Каталикос-Патриарх фембæлд минæвæрттимæ

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  фембæлд  Гуырдзыстоны  аккредитацигонд дипломативон   корпусы   минæвæрттимæ.

Гуырдзыстоны патриархийы  пресс-центры   къухдариуæггæнæгы, деканоз Андриа  Джагъмаидзейы  фидиуæнæй,   фембæлдыл   ныхасы  сырæзт   оккупацигонд территоритыл   уæвæг уавæрыл,  Гуырдызстоны æмбæстæгты  æнæзакъонон  скъæфтытыл оккупацион хаххы  цур, афтæдæр оккупацион   режимы æрдгæй  æнæзакъононæй   ахст Важа Гаприндашвилийы фарстайыл.

Фембæлдыл  куыд банысан ис  афтæмæй,    патриархимæ ис  æнхъæлц, цæмæй  фæнысангонд  фембæлд уыдзæн  ноджы иу  размæ  арызт  къахдзæф   æнæзакъононæй   ахст дохтыры ссæрибар кæнынæн.

Патриарх   дипломативон  корпусы  минæвæрттæн, æмкуысткæнынады  тыххæй  ракуывдта.

Фембæлды  кæрон   Патриархы  натлиагонты бал, «Мравалжаример»   Патриархы   цалдæр   фæлдисонд  сæххæст кодтой.

«Иттæг нысаниуæгджын уыд,  патриархимæ æрбацыдысты   36  минæвары.   Уыдон ноджы  иу  хатт фæныхас  кодтой   патриархы  æмæ   аргъуаны   ролыл   Æхсæнады  цардуагы. Не рдгæй  ноджы иу  хатт   фехъусын кодтам, цæмæй   аргъуан кæддæриддæр цæттæ  у, кæцыфæнды   темæйы,  кæцыфæнды   форматы   йын  бастдзинад  уа  минæварадтимæ.  Цъус  аныхас  кодтам визиттыл, кæцытæ   нæ дæр срухс  сты  æмæ  тынг нысаниуæгджын уыдысты.   Фæныхас кодтам  оккупацигонд  территориты тыххæй, проблемæты,  кæцы баст сты   оккупациион  режимы æрдгæй  адæмы   аскъæфыны факттимæ æмæ  зонæм цæмæй,   номдзыд   гуырдзиаг дохтыр  Важа Гаприндашвили ныр дæр ахст у.  Уый фæдыл   Брюсселы  дæр ракуырдтам, цæмæй   алы  амæлттæй  бацархайæт, æмæ  кæрон æрлæууæт  цæстæнæфенгæ скъæфтытæ,   адæмы  ахст æмæ   ам дæр,  абон ноджы иу хатт   загътам, цæмæй   ай  у  сегасæй  стыр дæр  проблемæ Гуырдзыстонæн»,- райхъусын кодта  фембæлды фæстæ   Андриа Джагъмаидзе.