«Картули Оцнебайы» организацигондæй парламенты цур æппæтадæмон  æмбырд цæуы
«Картули Оцнебайы» организацигондæй парламенты цур æппæтадæмон æмбырд цæуы

Парламенты цур  «Картули Оцнебайы»  организацигонд  «æппæтадæмон»   æмбырд  цæуы.   Мадзал Гуырдзыстоны  гимнæй  байгом ис.  Æмбырды  слоган у  «Фыдыбæстæ, æвзаг, дин».

Æмбæстæгтæ парламенты раз 18:00  сахатæй   райдыдтой  æмбырд кæнын, стæй та уыдонмæ филармонийæ цыдæй  баиу сты  «Картули Оцнебайы»  фæсивæдон  организацийы минæвæрттæ.

Æмбырды  хайадисджытæм дзырдæй баздæхтысты  «Картули Оцнебайы» лидертæ, плангонд у,  афтæдæр партийы фæсивæдон организацийы минæвæртты дзырдæй ралæудтæ.

Æмбырды  хайадисджытæ  семæ бахастой  Гуырдзыстоны  æмæ Евроцæдисы  тырысатæ, афтæма, плакаттæ фыстимæ  «Цæсгомджынæй  Европæйы æрдæм».