Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй  европарламенты веб-фарсыл публикацигонд  æрмæг нæу  европарламенты продукт æмæуым бавдыст хатдзæгтæ сты æрмæст сæ авторты сæрмагонд
Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй европарламенты веб-фарсыл публикацигонд æрмæг нæу европарламенты продукт æмæуым бавдыст хатдзæгтæ сты æрмæст сæ авторты сæрмагонд

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар  Карл Харцелл хъусын кæны, цæмæй  европарламенты веб-фарсыл  4  апрелы  публикацигонд  æрмæг  Европарламенты продукт нæу æмæ уым  бавдыст  хатдзæгтæ  æрмæст сæ  авторты арызт сты.

ЙÆ дзырдæй, хыгъдлæвæрды нысан у, баххуыс уа  европарламенты уæнгтæн Гуырдзыстоны уæвæг  ситуацийæн аргълæвæрды.

«Уый у  иртасæн центры организацигонд  хыгъдлæвæрд, цæмæй  европарламентаритæн баххуыс уой  хатдзæгтæ рахæссыны, ситуацийæн  аргъ скæныны.  Ныр  хыгъдлæвæрд цы  фарстамæ æххæссы  уый тыххæй куы  зæгъæм, уæд уыдзæн  поляризаци политикон  кæнæ  медиа тыгъдады,  расттæрхон, æвзæрстытимæ баст  фарста, демократон институттæ, ацы фарстатæ  размæ хаст уыдысты, куыд Брюсселы æрдгæй, афтæ  мæхи куырдиаты  дæр.  Ацы фарстатыл   адарддæр кæндзыстæм кусын  æмæ афтæдæр искусситæ  Гуырдзыстоны  хицауадæй, ома  ацы  процесс  цæуа, адарддæр уа.  Комисси  тагъд рахæсдзæн   хатдзæг ацы  куырдиаты  тыххæй. Процесс дарддæр кæны»  райхъусын кодта Харцелл.

Европарламенты веб-фарсыл  4 апрелы Гуырдзыстон ассоциацидзинады бадзырды сыххæстты æртæ  авторы æрцæттæгонд  интасæн уыд публикацигонд.