Карл Харцел – хæлар зæрдæйæ арфæ кæнын гуырдзийаг адæмæн хæдбардзинады бон, Евроцæдис Гуырдзыстоны хæдбардзинады, суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцæг у

13:04, 26.05.2022

Карл Харцел – хæлар зæрдæйæ арфæ кæнын гуырдзийаг адæмæн хæдбардзинады бон, Евроцæдис Гуырдзыстоны хæдбардзинады, суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцæг у

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцел гуырдзийаг адæмæн арфæ кæны хæдбардзинады бон.

Харцелы фидиуæнмæ гæсгæ, Евроцæдис Гуырдзыстоны хæдбардзинады, суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцæг у.

«Хæлар зæрдæйæ арфæ кæнын гуырдзийаг адæмæн хæдбардзинады бон, Евроцæдис Гуырдзыстоны хæдбардзинады, суверинитет æмæ территорион æнæхъæндзинады фарсылхæцæг у. Ацы зын рæстæджы Украинайы æрдæм солидарондзинад мах иу кæны. Мах Гуырдзыстоны фарсмæ стæм æмæ аргъ кæнæм нæ æхсæн уæвæг арф бастдзинад. Фæнды нæ, цæмæй уыцы бастдзинад ноджы фæарфдæр уа. Æртыккæгæм марты Гуырдзыстоны хицауад Евроцæдисмæ интеграцийы фидиуæн сарæзта, кæцы бæстæйы цæрджыты фылдæры хайы фæндон æвдисы. Гуырдзыстон æвзарæн сарæзта сæрмагонд историон аргъдзинæдтыл бындурæвæрдæй»,-ис фыст Харцелы арфæйы фидиуæны.

Хуыздæр