Карл Харцел –гуырдзийаг партнертимæ иумæ кусæм бæстæйы киберæдасдзинады фæтыхджыныл, Гуырдзыстон ахызт фæндаг ацы сферайы æууæнкдзинады ссардæн
Карл Харцел –гуырдзийаг партнертимæ иумæ кусæм бæстæйы киберæдасдзинады фæтыхджыныл, Гуырдзыстон ахызт фæндаг ацы сферайы æууæнкдзинады ссардæн
Гуырдзийаг партнертимæ иумæ кусæм бæстæйы киберæдасдзинады фæтыхджыныл –уый фæдыл Гуырдызстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцел расидтис.
Харцелы ныхасмæ гæсгæ, æппæтдуноен рейтингты Гуырдызстон хорз позицийыл ис æмæ хъуамæ адаргъ кæна куыст.
«Махæн ис дипломативон инструменттæ, кæцытæй пайда кæнæм индивидуалон бабарстыты рæстæджы. Сымах хорз зонут, цæмæй Евроцæдис дыууæ мæйы размæ снысан кодта историйы фыццаг хатт санкцитæ, кæцы уыд Европайыл хаст кибербабырсты дзуаппæн. Ам, Гуырдызстоны мах кусæм бæстæйы киберæдасдзинады фæтыхджыныл, Гуырдзыстон ахызт фæндаг ацы сферайы æууæнкдзинады ссардæн» -банысан кодта Харцел.
Тбилисы цæуы уагъд киберæдасдзинады форум 2020
Националон æдасдзинады советы апараты организаци æмæ Гуырдызстоны хицауады фарсылхæцындзинадæй, Тбилисы киберæдасдзинады фыцаг форум цуæы уагъд. Форум премьер-министр Гиоргий Гахария байгом кæндзæн.
Организаторты фидиуæнмæ гæсгæ, киберæдасдзинады форумы сæйраг ныан у киберæдасдзинады тыгъдады раз уæвæг раисдæнты идентификаци æмæ проблемон фарстаты бакаст.