Карл Харцел –æрдзы хъахъæд æмæ климаты ивæндзинæдтимæ тох, Евроцæдис иуæй иу сæйраг нысанæй нымайы
Карл Харцел –æрдзы хъахъæд æмæ климаты ивæндзинæдтимæ тох, Евроцæдис иуæй иу сæйраг нысанæй нымайы

Карл Харцел –æрдзы хъахъæд æмæ климаты ивæндзинæдтимæ тох, Евроцæдис иуæй иу сæйраг нысанæй нымайы

Гуырдызстоны Евроцæдисы минæвар Карл Харцел, æрдзы хъахъæды дунеон бонмæ гæсгæ фидиуæн  сарæзта. Минæвар æрдзы хъахъæды æмæ климаты ивæндзинæдты тох Евроцæдисы иуæй иу сæйраг нысанæй нымайы.

«Нæ нысан, 30 азæй къаддæр рæстæджы, Евроцæдисы бæстæтæ æмæ æмбæстæгты æрдзыл негативон ахадындзинады ныхмæ  тох, сæйраг нысанæй нымайæм. Ныфс дарын, цææмй снысангонд нысаны сыххæст эффектон тох уыдзæн, энергийы спайда æмæ æндæр фадаттæй бахъавдзыстæм. Уый у , кæцы мах «Европон бадзырдæй» хонæм.

Уый у тынг амбицион нысан, кæцыйы сыххæсты, ныфс дарæм æндæртæ дæр райсдзысты хайад æмæ сæрыстыр дæн, кæй ис стыр фæлварæн æмæ зонынад нæ партнертæн дæр  базонгæ кæнæм –Гуырдызстонæн.

Æрдзы хъахъæды дунеон бон грандиозон проекттыл ныхас нæу. Уый алкæмæ дæр хауы æмæ иумæ архайдзыстæм ацы нысаниуæгджын хъуыдтагы» сиды Харцел.