Кардинал Пиетро Парролини - Цалдæр сахат дæр æгъгъæд сты Тбилисы,  цæмæй  адæймаг банкъара  куыд зæрдæхæлар сты гуырдзиаг адæм
Кардинал Пиетро Парролини - Цалдæр сахат дæр æгъгъæд сты Тбилисы, цæмæй адæймаг банкъара куыд зæрдæхæлар сты гуырдзиаг адæм

Цалдæр сахат дæр æгъгъæд сты Тбилисы,  цæмæй  адæймаг банкъара  куыд зæрдæхæлар сты гуырдзиаг адæм,  зæрдæскъæфт фæуай  сæ  хæзнатæй,   культурон   æмæ  религион  традицитæй – уый фæдыл  Ватиканы  паддзахадон   нымæрдар  кардинал   Пиетро Паррорллини   йæ  визиты тыххæй   Тбилисы  Саркебулойы  ацæугæ мадзылыл дзырдæй ралæуды  рæстæджы  райхъусын кодта.

«Цалдæр сахат дæр æгъгъæд сты Тбилисы,  цæмæй  адæймаг банкъара  куыд зæрдæхæлар сты гуырдзиаг адæмы,  зæрдæскъæфт фæуай  сæ  хæзнатæй,   культурон   æмæ  религион  традицитæй. Фæнды  мæ   разæгъон уын Пап Францискы   арфæ,  кæцы  Гуырдзыстонмæ  визиты  рæстæджы  загъта –  «Уæ  фыдыбæстæй  бирææнусон   истори,  уæ культурæйæ, æвзагæй æмæ  традицитæй  æвдыст хæзнаты, æххæст барæй   ратдзæн   уæ  бæстæйæн  æнтыстджын  æмæ  зынгæ  бынат Европаг  цивлизизацийы» –   банысан кодта Пароллини.

Ватиканы  паддзахадон нымæрдары  куырдиатæй,  Ватикан  зæгъгæ  иуæй-иу  фыццаг  уыд  æхсæнадæмон æмгарады   уæнгтæй,  кæцы Гуырдзыстоны  хæдбарад  банымадта æмæ  дипломативон  мисси  бакодта Тбилисы.  Кардинал  Парроллинийы  дзырдæй,   зæгъгæ  йеуæд  куд уыд  афтæ  абон дæр  Ватикан, уый  нымæцы  æхсæнадæмон форумтыл, æнæфæцудгæйæ  йæ  фарс хæцы  Гуырдзыстоны   суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.

Ватиканы   паддзахадон  нымæрдар,  Гуырдзыстонмæ  визиты фæлгæтты, ныридæгæн  фембæлдис  Гуырдзыстоны премьер-министримæ æмæ парламенты  сæрдаримæ.   Афтæма  визиты фæлгæтты,  кардинал,  фидыды æмæ   æмбæстагон æмсæрады  фарстаты  Гуырдзыстоны паддзахадон министримæ иумæ,  оккупацион   хаххы гæрон хъæутæм  ныццыд.

Информацийы  хъусын кæны  Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад.