Канадæ  Украинайæн «Леопард2»-ы   фыццаг танк нырид арвыста
Канадæ Украинайæн «Леопард2»-ы фыццаг танк нырид арвыста

Канадæ   Украинайæн   «Леопард-2»-ы   фыццаг танк  нырид  арвыста.   Уый фæдыл   социалон хызаг «Твиттеры»  фыссы   Канадæйы хъахъхъæнынады министр  Анита Ананд.

Йæ  хъусинагæй, Канадæйы   хицауады æрдгæй  Украинайæн   ныфсæвæрд  цыппар танкæй  фыццаг  Галифаксы   аэропортæй  нырид арвыстой.

«Канадæ  Украинайы  адæмæн   йæ  фарсмæ лæууы  æмæ адарддæр кæндзыстæм   Украинайы  гарзджын тыхты  ифтонг  кæнын   уæлахиздзинадæн хæъугæ  техникæйæ», – фыссы  Канадæйы  хъахъхъæнынады министр.

Канадæ  Украинайæн, немыцаг рауагъд  «Леопард-2»-ы типы танкы,  Январы кæрон   Германийы  хицауад   Украинайæн   фæнысангонд танктæ  арвитыныл   куы сразы  ис  æмæ бар ратта  æртыккаг бæстæтæн  дæр  танктæ Киевæн раттыныл, уый фæстæ арвыста.