Къахкъæлæттæй згъорды фæстæмæ Нидерландты минæвар фæуæлахиз ис ( видео)

Сылгоймæгты  æхсæн 1000 метрыл къахкъæлæттæй згъорды сæйраг ерыс  дæр фæстæмæ Нидерландты æмæ  Японийы  минæвæртты æхсæн   сырæзт.

Афтæдæр куыд  дыууæ боны размæ,   1500  метрыл згъорды,   сыгъзæрин  майдан ацы хатт дæр  Нидерландтæ рамбылдтой: сегасæй  хуыздæр рæстæг  сфиксир кодта Иоориен  Тер Морс.  Цыдæриддæр та  æвзист æмæ  бронзæ  майдантæм æххæссы,     дыууæйы дæр рамбылдтой  Японийы минæвæрттæ: дыккаг бынатыл  Нао Кодаира ис,  æртыккаг бынат та бацахста   Михо Тагаки, кæцы   ацы олимпиадæйыл уæдмæ,  æвзист  майдан рамбылдта.

Олимпиадæйы репортажты  фенын уæ бон у   ам  Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)