Къахеты цыппар хаххджын фæндаджы фыццаг 35 км-ын фадыг байгом ис æмæ Тбилисæй Сагареджомæ транспорт амæйфæстæмæ тагъдцæуæн фæндагæй змæлдзæн.
Тбилис-Сагареджойы магистралон фæндаг æххæстæй æмбæлгæ у фæндагон змæлды æдасдзинады нырыккон стандарттимæ æмæ ифтонггонд у рухсыты системæйæ.
Магистрал уагъд у æнгом цæрæн хъæу æмæ горæты (Вазиани, Сартичъала, Ниноцъминда, Сагареджо) иувæрсты, цæмæй дæр суæгъддæр кæндзæн змæлд цæрæн рæтты, фердæг кæндзæн змæлды рæстæг æмæ æртæхаттонæй райрæзын кæндзæн автотранспорты уадзынхъомад.
Тбилис–Сагареджойы магистралыл арызт уыд 35 км асфальт-бетоны æмæ цементо-бетоны 4 хаххджын фæндаг, 4е6 автомобилон æмæ 4 æфсæнвæндагон æмæ иу мелиорацион хид, арызт уыд 8 зæххыбын ахизæн, 148 донуадзæн æмæ 19 мелиорацион хæтæл.
Фæндаджы арæзтад паддзахадон бюджетæй 533 502 661 милуан ларийæ сфинанс ис.
Тбилисы-Сагареджойы 35 км æхсæнадæмон магистралон фæндаг Тбилисы Кахетимæ иугæнæг сæйраг фæндагон хызагы æмæ Азербайджанимæ иугæнæг æхсæнадæмон транзитон къæлидоры хай у.
Кахеты 4 хаххджын æхсæнадæмон магистралы райтырнгæн, æмтгæй райсгæйæ арызт уыдзæн 85 км-ын фæндаг Бакъурцихейы онг, цæмæн дæр ныридæгæн цæуы Сагареджо-Бадиаурийы 17 км-он фадыгы арæзтад.
Кахеты магистралы арæзтады фæуды фæстæ Тбилисæй Телаумæ балц кæнын æрмæст сахат æмæ 20 минуты уыдзæн гæнæн.