Индивидуалон спринты олимпион чемпион Йоханес Клебо комментари сарызта легенадрон ямайкайаг спринтеры , Усейн Болтъы фидиуæныл. Аст хаттон олимпион чемпион баныфсвæрдта иу авг сæн балæвар кæнын уымæн, чидæриддæр Зымæджы Олимпиадæйыл сыгъзæрин рамбулдзæн æмæ йæхæдæг цы жестæй уыдис номдзыд уый рафæлхат кæндзæн. Дзуаппæн, Кълебо Болтъы расидтис тынг цымидисон ерысмæ.
«Федтон Усейн Болтъы хъуыдиад. Чизоны, бирæ цымидисон исты æрхъуыдæ кæниккам. Дæнцæн, райсдзынæн уымæй сæн, кæд Нью –Йоркъы, Централон Паркы, мæ ныхмæ рацæудзæн 100 метрыл ерысмæ. Уый азгъордзæн æз та каъхдзоныгътыл лæугæйæ ерыс кæндзынæн. Фенæс чи рамбулдзæн» – расидтис Кълебо TV2-имæ комментарийы.
21 аздзыд Кълебо, сеппæтæй æфзонг олимпион чемпион у къахдзоныгъон дугъты историйы, ацы сезоны уый Дунейы кубокы 10 этапы рамбылдта æппæт 13-æй.
Олимпиадæйы репортажты фенын уæ бон у ам Фыццаг Къанал / Дыккаг Къанал (æрмæстдæр Гуырдзыстоны территорийыл)