Каха Къучъава Джеймс Аппатурайыл фембæлд
Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Каха Къучъава Хуссар Кавказы æмæ централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон бæрнон Джеимс Аппатурайыл фембæлд.
Фембæлдыл, Гуырдзыстоны евроатлантикон интеграцийы процессыл фæныхас кодтой. Джеймс Аппатурайы аргълæвæрдмæ гæсгæ, ацы процессы нæ бæстæ нысаниуæгджын прогрессмæ баххæсыд. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдызстон æнæмæнгæй суыдзæн НАТО-йы уæнг æмæ альянс даргъ кæны Гуырдзыстоны фарсылхæцындзинад.
Ныхас баххæсыд афтæ дæр бæстæйы уæвæг процесстæм æмæ парламенты фидæн плæнттæм.