Каха Каладзе – визон арæнæвæрдты сфидар нæ ивы нæ  ахаст фыдыбæстæмæ
Каха Каладзе – визон арæнæвæрдты сфидар нæ ивы нæ ахаст фыдыбæстæмæ

Визон тобæты сфидар кæнын  нæ ивы нæ ахаст фыдыбæстæмæ,  нæ ивы нæ  уынаффæ, дзырд куы цæуы   бæстæйы интерестыл, ацы  бæстæйы фидæныол æмæ сомбоныл –  уый фæдыл сæйраг горæты мэр Каха Каладзе  райхъусын кодта.

Каладзейы дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстон  цæттæ у, цæмæй стратегион партнерон  ахастыты ногæй райдайын æрцæуа æмæ  уа æцæг, рæстмæ ахастытæ.

«Цы цæуы уый æппæт   у худæг,  æнæсерьозон, уымæ æмбæлгæйæ дæр, мах   райхъусын кодтам нæ политикæйы тыххæй,  ома   хъахъхъæнæм  нæ бæстæйы  интерестæ. Фæнды нæ  бæстæйы  нын уа  сабырад,  сифтонг кæнæм бæстæйы экономикон   райрæзт,  стынг.  Знон дæр фæныхас кодтон уый тыххæй, цæттæ стæм   æмкуыстдзинадмæ, хæлардзинадмæ,  цæттæ стæм, цæмæй стратегион-партнерон ахастытæ ногæй райдайæм,  уа æцæг, рæстæм  ахастытæ, кæцы  нысаниуæгджын у махæн дæр.

Нæ зонын, гæнæн ис санкциргонд сты 100, гæнæн ис 200, цы уæлдай  у.  лæууæм бæстæйы  интересты  хъарагъулы, махæн фыццаг æмæ сегасдæр нысаниуæгджын у  нæ  бæстæ,  сабырад æмæ чи фнды дæр уæд,  никæмæн уыдзæн  фадат, цæмæй  Гуырдзыстоны æрцæуа  уый, хъыгагæн абон цы уавæр ис Украинайы.  Никæмæн ратдзыстæм  уый фадат, кæронмæ  лæудзыстæм æмæ бахъахъхъæндзыстæм нæ бæстæйы  интерестæ» – загхта Каладзе.

Каладзейы дзырдæй, зæгъгæ  кæмæндæр гæнæн ис  искуыдæм ацыд  кæнæ ма ацыд  проблемæ  уа, фæлæ уымæн нысаниуæгджын нæу,   фыдыбæстæйыл куы цæуы  дзырд уæд

«Тынг æнцонæмбарæнæй  дзурын. Финансдзинады тыххæй дæр мæ фæнды æмбарынгæнæн раттын æмæ дзыллæ  хъуамæ зона  алцыппæт. Уыцы суммæты  стыр хай, 80 процент  цæуы сæ агентурæйы финансдзинадыл, Америкæйы  агентурæйы  финансдзинадыл» – райхъусын кодта  Каха Каладзе.